Хирургы роль ахъазыд Уæрæсейы сгуыхт артист Игорь Миркурбанов
Куыдзаты Хъазыбег сси спектакль «Доктор Кудзаевы» хъайтар проект «Голоса страны» æххæстгæнгæйæ. Хъазыбег у травмотолог, зындгонд пластикон хирург. Кæны зын операцитæ, сæ хыгъды ноггуырдтæн æмæ ацæргæ адæмæн дæр, стæй лæвар медицинон æххуыс кæны фæкæсынхъуаг адæмæн. 114-аздзыд сылгоймагæн операци скæнгæйæ æмæ йæ йæ къæхтыл слæууын кæнгæйæ бахауд планетæйы рекордты чиныгмæ. Фæлæ йæ практикæйы æппæтæй диссагдæрыл дохтыр нымайы иу æрыгон чызджы дзæбæх кæныны цау. Уый йæ чындзæхсæвæй 10 боны агъоммæ бахауд фæндаггон фыдбылызы. Дохтыр ын операци скодта æмæ йæ бæрæгбоны чындзæн йæ бон сси акафын. Хирургы роль ахъазыд Уæрæсейы сгуыхт артист Игорь Миркурбанов. Спектакль сæвæрдтой драматург Игорь Витренко æмæ режиссер Андрей Гордин. Нывгæнæг – Филипп Шейн, хъайтары хуызистытæ скодта Анастасия Орлова.