филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:18 среда, 01 мая 2024
25 января 2024, 11:31
Куырдадзы кусæг Цориты Марклены кой Ирыстоны хъуыстгонд у

Йæ  куыстытæ фенæн вæййы алы æмвæзады равдыстыты

Куырдадзы кусæг Цориты Марклены кой Ирыстоны хъуыстгонд у. Йæ  куыстытæ фенæн вæййы алы æмвæзады равдыстыты. Йе рмадз ын бабæрæг кодта Сосранты Жаннæ, æмæ нæм фæхæццæ кæндзæн куырды архайды сусæгдзинæдтæ.

Куырдадзы кусæг. Куырд! Ныртæккæ, уыцы дæсныйадмæ æмхиц адæм бирæ не сты. Фæлæ йæ уд, æфсæйнагæй исты ног дзаума  æнæ саразгæ, райдзаст кæмæн нæу, æхæмтæ дæр ис. Сæ иу – Цориты Марклен. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй сывæллонæй дæр йæ хъазæн уыд дзæбуг, фæлæ йæ дæсныйадмæ бар дардзæн, ууыл  та хъуыды дæр нæ кодта. Æмæ куыд фæзæгъынц – алы адæймагæн дæр йæ райгуырдæй фæстæмæ бæрæг вæййы йæ дарддæры царды фæндаг. Уымæ гæсгæ дзы раздæр дæр, фæстæдæр дæр ницы фæкæндзæнæ. Афтæ Марклен дæр. Дыууиссæдз азмæ хæстæг ыл цыд, биноныгæй йæхи ацы дæсныйадмæ куы раздæхта, уæд.

Марклен куыд зæгъы, афтæмæй йæ куыст йæ зæрдæмæ  бæргæ цæуы, фæлæ йæм цы фæсивæд æрбацæуы, йæ зонындзиндтæй фæхайджын уæвынмæ, уыдонæй та бирæтæ кæй нæ фæфæстиат вæййынц ам, ууыл тыхсы. Фæнды йæ фæсивæд фæразондæр куыд уой, уый. Æнцондзинадыл сагъæс кæнгæйæ нæй куырд суæвæн.

Зæрдæйæ цы куыст кæнай, уый саразынмæ цыфæнды боныхъæд дæр нæ бахъыгдардзæн.  Гом сенæйы кусгæйæ, Марклен не мбары, зымæгон уазал дæр. Куыд зæгъы, афтæмæй исты æрмæгыл архайгæйæ ферох кæны рæстæг дæр.

Бæлоты Русланы, та Маркленимæ базонгæ уæвгæйæ, йæ къах куырдадзæй нал рахаста.

Ацы куырдадзы сконд дзаумæттæ æрæх æмбæлы фенын алы хуызы равдыстыты. Саразынц дæсныйадæвдисæг ахуытæ дæр. Уæлдай æхцондзинад та йын æрхæссы сывæллæтты цымыдисдзинад йæ куыстмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania