08 апреля 2022, 12:04
Мæздæджы арæзт æрцыд Владимир Абрамовы сæрмагонд равдыст
«Небеса проповедуют славу Божию» – афтæ хуыйны Владимир Абрамовы сæрмагонд равдыст. Мæздæджы аивæдты скъолайы хъомылгæнинаг бирæ азты царди Стъараполы крайы, фæлæ ныр сыздæхт йæ райгуырæн зæххмæ. Экспозици арæзт у алыхуызон техникæты конд бирæ нывтæй. Акрилæй конд ирд декаративон композицитæ, натюрморттæ, пейзажтæ. Æппæт куыстыты иу кæны иу сæйраг æууæл – адæймаджы зæрдæ сæ рухс кæны. Равдыст арæзт æрцыди Мæздæджы районы культурæйы фарстаты фæдыл управленийы хъæппæрисæй.