08 августа 2023, 11:41
Мæздæджы дарддæр æмбырд кæнынц сæ тыллæг
Ныридæгæн бафснæйдтой хоры культуртæ
Мæздæджы дарддæр æмбырд кæнынц сæ тыллæг. Ныридæгæн бафснæйдтой хоры культуртæ. Ныртæккæ быдыртæй исынц лыстæг гæн æмæ нут. Мæй фæстæ та райдайдзысты нартхор æмæ сойæ фснайын. Æдæппæтæй тыллæджы бæрц у 94 мин тоннæйы. Фарон та хатдзæгтæ уыдысты 2 мин тоннæйы къаддæр. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй бирæ культурæтæ нырма æфснайд нæма рцыдысты. Мæздæджы районы цы тыллæг сисой, уый дзæвгар хай арвитдзысты Стъараполы краймæ æмæ Кæсæг – Балхъары республикæмæ. Æппæтæй парахатдæр культурæтæ сты – мæнæу, хъыцъы æмæ лыстæг гæн.