филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:17 среда, 01 мая 2024
19 сентября 2023, 12:27
Мæздæджы районы дыккаг аз исынц сæнæфсиры тыллæг

Специалисттæ сæнæфсирмæ зилынц нырыккон домæнтæ хынцгæйæ

Мæздæджы районы Ново-Осетинскийы станицæйы  5 азы размæ 100 гектары фæзуатыл бындур сæвæрдтой сæнæфсирдонæн. Ныр хæдзарады дыккаг аз исынц тыллæг. Ам ис сæнæфсиры цыппар хуызы. Специалисттæ сæнæфсирмæ зилынц нырыккон домæнтæ хынцгæйæ. Æппæт куыстытæ кæнынц агратехникон домæнтæм гæсгæ. Уымæй та аразгæ у фидæны хъæздыг тыллæг. Аграритæ куыд зæгъынц, афтæмæй  ацы аз тыллæг фаронимæ абаргæйæ у зынгæ хуыздæр. Сæнæфсирдон куы ныссагътой, уæдæй абонмæ специалисттæ æрвылбондæр бæрæг кæнынц хæдзарад. Кусджытæн дæттынц хъæугæ амынддзинæдтæ. Сæнæфсир æмбырд кæнынмæ Мæздæджы районмæ сезоны арвитынц сæрмагонд техникæ. Машинæтæ ифтонг сты хъæугæ æрмæгæй, ис дзы видеокамерæтæ дæр, уыдоны фæрцы гагадыргътæ æмбырд кæнынц куыд æмбæлы, афтæ. Мæздæггаг сæнæфсир æрвитынц сыхаг регионтæм. Уым дзы пайда кæнынц сæны куыст чи кæны, ахæм куыстуæттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania