филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:10 вторник, 21 мая 2024
15 июня 2023, 11:47
Мæздæджы районы поселок Садовыйы райдыдтой черешня æмбырд кæнын

Хæдзарады ис 2 дыргъдоны

Мæздæджы районы поселок Садовыйы райдыдтой черешня æмбырд кæнын. Хæдзарады ис 2 дыргъдоны. Ногæн бындур сæвæрдтой 4 азы размæ. Ис дзы 300 бæласы. Сæйраг тыллæг та сисынц, 2000-æм азы кæй ныссагъдтой, уыцы бæлæстæй. Хæдзарады ис черешняйы алы хуызтæ. Бынæттон климат хорз бæззы ацы гагадыргъæн. Бæлæстæм раст зылды фæрцы ис сисæн хорз тыллæг. Ацы хъуыддагмæ хæдзарады стыр æргом здахынц. Сæ продукци уæй кæнынц районы центры. Кæд дыргъдарын, стыр хæрдзтæ кæм хъæуы, ахæм хъуыддагыл нымад у, уæддæр хæдзарады фæнд кæнынц сæ архайд фæпарахатдæр кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania