филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:25 среда, 15 мая 2024
02 марта 2021, 14:04
Мæздæджы районы товараразджытæ æнхъæлмæ кæсынц фæндаг байгом кæнынмæ

Уый Дзæуджыхъæу бæтдзæн республикæйы æппæтæй дæрддзæф районимæ

Мæздæджы районы товараразджытæ æнхъæлмæ кæсынц фæндаг байгом кæнынмæ. Уый Дзæуджыхъæу бæтдзæн республикæйы æппæтæй дæрддзæф районимæ. Ныртæккæ муниципалон сконды территорийы кусынц 249 фермерон хæдзарады. Уыдон уадзынц æхсыры æмæ дзидзайы продукци, стæй ма хоры æмæ техникон культурæтæ. Районы ис 65 мин гектары хуымгæнды. Хор фылдæр уæй кæнынц Сомихмæ, техникон культурæтæ та Кæсæг-Балхъармæ æмæ Стъараполы краймæ. Уæдæ æнтыстджын къахдзæфтæ Мæздæджы кæны халсартæ зайын кæныны къабаз дæр. Афтæ 2019-æм азы 39 гектарыл æрзайын кодтой 514 тоннæйы халсартæ, 2020-æм азы та ацы бæрæггæнæнтæ зынгæ фæфылдæр сты – 400 гектарæй тыллæг систой 5128 тоннæйы. Районы хъæууон хæдзарад рæзы, æмæ ахсджиаг у продукци уæй кæныны фарстайыл бакусын дæр. Æнæмæнг хъæуынц эливатор æмæ промышленнон архайды куыстуæттæ. Ныртæккæ цæуы æхсыры заводы арæзтад. Фæндаджы байгомы фæстæ Мæздæджы районы хъæууон хæдзарады куыстуæтты продукци дæсгай азты фæстæ ногæй фæзындзæн Дзæуджыхъæуы базарты дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania