филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:52 четверг, 02 мая 2024
28 июля 2022, 11:21
Мариинаг театры дзæуджыхъæуккаг филиалы 5-æм сезон сæхгæдтой симфонион оркестры концертæй

Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист Гугкаты Зауырбеджы разамындæй музыканттæ ацагътой Сибелиусы, Генделы, Леграны æмæ æндæр зындгонд композиторты уацмыстæ

Мариинаг театры дзæуджыхъæуккаг филиалы 5-æм сезон сæхгæдтой симфонион оркестры концертæй. Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист Гугкаты Зауырбеджы разамындæй музыканттæ ацагътой Сибелиусы, Генделы, Леграны æмæ æндæр зындгонд композиторты уацмыстæ. Республикæйы цæрджыты æмæ уазджыты размæ сæ курдиат рахастой æппæтуæрæсеон æмæ æппæтадæмон музыкалон конкрусты лауреаттæ Тадтаты Григорий æмæ Софья Кипрская. Уымæй дарддæр, алкæмæн дæр фадат уыд цымыдисаг хуызистыты равдыст бабæрæг кæнынæн, æмæ афтæмæй Мариинаг театры историимæ къамты фæрцы базонгæ уæвынæн. Афæдзæй-афæдзмæ оркестры раз лæууы сæйраг хæс – аивадуарзджыты зæрдæтæ æнæмæлгæ уацмыстæй рухс кæнын, æмæ сын фылдæр муызкалон шедевртæ лæвар кæнын. Ацы сезоны сын бантыст концерттæ сыхаг регионты раттын. Артисттæ уыдысты Грознайы, Махачкалайы, Кисловодскы, Черкесскы æмæ Налцыччы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania