филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:54 пятница, 17 мая 2024
10 марта 2020, 13:17
Нæ респубикæйы кусы балеты скъола

Ахуыр сæ кæнынц, ныронг бæстæйы цы кафты хуыз Боди-балет парахат уыд, ууыл

3 мæйы размæ нæ респубикæйы байгом балеты скъола. Ам классикон кафты фыццаг къахдзæфтæ кæнынц канд рæзгæ фæлтæр нæ, фæлæ сæ ныййарджытæ дæр. Ахуыр сæ кæнынц, ныронг бæстæйы цы кафты хуыз Боди-балет парахат уыд, ууыл. Фæлæ уæддæр фылдæр æргом здæхт цæуы Балеты скъолайы ахуырдзауты æнтыстдзинæдтæм. Сæ архайдæн не сфæлдыстадон къорд уыд æвдисæн, æмæ ныхасы бар Моргуаты Ладæйæн.

Се змæлд уыцы иу нæу, фæлæ чызджытæ нырма балеты фыццаг къахдзæфтæ кæнынц. Ацы къæпхæны уал сæ ахуыр кæнынц музыкæмæ хъусыныл æмæ кафт уарзыныл.

Балеты скъола сæвзæрд 3 мæйы размæ, фæлæ цыбыр рæстæгмæ æвзонг кафджыты къухы бафтыд бирæ. Ныр сæхи цæттæ кæнынц аивадуарзджыты размæ рацæуынмæ. Сæ архайдмæ иудадзыг сæ цæст дарынц сæ ныййарджытæ.

Фыццаг æнтыстдзинæдтæй ныййарджытæ сты разы. Кæфтыты урочытæ канд се ддаг бакастыл нæ фæбæрæг сты, фæлæ сæ миддунейыл дæр. 

Сывæллæттæй фæстæмæ ацы скъолайы кафтыл ахуыр кæнынц хистæр кары адæмы дæр. Боди-балет парахат у бирæ бæстæты, ныр та бахæццæ Цæгат Ирыстонмæ дæр.

Балеты скъолайы аууæндынц, тагъд классикон кафты хуыз нæ репсубликæйы кæй рацæудзæн спорты æмвæзадмæ. Æрмæст хъæуы саразын уавæртæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania