филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:33 вторник, 21 мая 2024
18 июля 2023, 12:01
Нæ республикæйы хъæууон хæдзарады министр Къусраты Алан кусæг балцы ацыд Мæздæджы районмæ

Бабæрæг кодта мыггæгтæ аразыны куыстуæттæ, сæнæфсирдон, стæй æркаст, доны хæтæлтæ куыд цалцæг кæнынц, уымæ

Хъæууон хæдзарады райрæзтмæ æркæсын æмæ йын æххуыс кæнын. Ахæм хæсимæ нæ республикæйы хъæууон хæдзарады министр Къусраты Алан кусæг балцы ацыд Мæздæджы районмæ. Бабæрæг кодта мыггæгтæ аразыны куыстуæттæ, сæнæфсирдон, стæй æркаст, доны хæтæлтæ куыд цалцæг кæнынц, уымæ.

РЦИ-А-йы хъæууон хæдзарады министр Къусраты Алан цы бынæттæ бабæрæг кодта, уыдонæй фыццаг уыд мыггæгтæ цы куыстуаты уадзынц, уый. У 6 мин гектары. Йæ фылдæр хайы сагъд ис мæнæу, рапс æмæ афтæ дарддæр. Сæйраг агроном Агънаты Аслан куыд зæгъы, афтæмæй фарон систой тыллæджы 15 мин тонны. Фæлæ ацы аз ахæм вдисæнтæ нæ уыдзæн.

Мæздæджы районмæ кусæг балцы ацæугæйæ ма, министр бабæрæг кодта иу куыстуат. Ацы сезоны дзы ныссагътой мæнæуы 4 мины æмæ 600 гектары онг. Кусынц 3 сортыл. Сты Уæрæсейаг. Кæд сæ боныхъæд бахъыгдæрдта, уæддæр сыхæгтимæ абаргæйæ æркарстой фылдæр тыллæг.

Мæздæджы районы æдæппæтæй ныссагътой мæнæуы 34 мин гектары. Уыдонæй ныридæгæн бафснайдтой 25 мины. Тыллæг æфснайæн куыстытæ фæуыдзысты ацы къуырийы кæронмæ. Уæдæ дзы æркасрстой хоры 55 мин тонны дæр.

Хъæууон хæдзарады министр бабæрæг кодта Веселæйы хъæу дæр. Ам паддзахадон программæ «Цæгат-Кавказы Федералон зылды райрæзт»-мæ гæсгæ ивынц доны хæтæлтæ. Нæ сæм æвнæлдтой 30 азæй фылдæр. Специалистты ныхæстæм гæсгæ куыстытæ цæуынц æмгъуыдæй раздæр. Фæуыдзысты 1-æм октябры.

Уымæй уæлдай Мæздæджы районы министр уыд сæнæфсирдоны дæр. Инвестицион проекты фæлгæты ацы аз, уалдзæджы дзы ныссагътой 52 мин талайæ фылдæр. Хæдзарады генералон директор Багаты Генрих куыд зæгъы, афтæмæй проект царды рауадзыны тыххæй райстой субсидитæ.

Ныридæгæн ныссагътой 229 гектары, фæззæджы та ма сæ фæнд кæнынц 300 бынæй баххæст кæнын. Къусраты Алан куыд зæгъы, афтæмæй хæдзарадæн бакæндзысты паддзахадон æххуыс 110 милуан сомы бæрц.

Кусæг балцы рæстæг хъæууон хæдзарады министр бафиппайдта, Мæздæджы районы райрæзтыл хорз куыст кæй цæуы, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania