филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:45 понедельник, 06 мая 2024
12 апреля 2024, 12:01
Национ наукон библиотекæйы байгом равдыст «Азнавур Мкртчаны уырыссаг-Византийаг дуне»

Экспозицийы ис Дзæуджыхъæуы æмæ æндæр уæрæсейаг горæтты аргъуанты æмæ бæстыхæйтты макеттæ

Национ наукон библиотекæйы байгом равдыст «Азнавур Мкртчаны уырыссаг-Византийаг дуне». Экспозицийы ис Дзæуджыхъæуы æмæ æндæр уæрæсейаг горæтты аргъуанты æмæ бæстыхæйтты макеттæ: Великий Новгород, Рагон Мæскуы, нырыккон Петербург… Зæгъæн ис, æмæ куыстытæ абарæн ницæимæ ис. Уымæн æмæ конд сты пластилинæй. Стæй ма дзы лыстæг хъуыддæгтæ дæр нæй. Алцыдæр конд у бæлвырд æмæ бæстон. Азнавур пластилинæй архайын райдыдта, 5 азы йыл куы сæххæст, уæд. Ныридæгæн йæ хæдзарон коллекцийы ис фидартæ, аргъуантæ, мæсгуытæ, фонтантæ æмæ суанг æнæхъæн горæттæ. Дзæуджыхъæуы педагогон колледжы аивадон хайады рауагъдон у уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг равдыстыты архайæг, алыхуызон премиты лауреат. Йæ бæллиц у æлыгæй райдайын архайын, æмæ афтæмæй йе сфæлдыстадон хъуыдытæ царды уадзын. Æрмæст ныр архитекторы хуызы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania