филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:27 четверг, 02 мая 2024
09 июня 2022, 13:23
Национ проект «Культурæ»-йы фæрцы Цæгат Ирыстоны цалцæггонд æмæ арæзт æрцыд дзæвгар Культурæйы хæдзæрттæ

Сæ ног уавæртыл чи цин кæны, уыдоны хсæн сты Æрæфы районы Хæзныдоны цæрджытæ

Национ проект «Культурæ»-йы фæрцы Цæгат Ирыстоны цалцæггонд æмæ арæзт æрцыд дзæвгар Культурæйы хæдзæрттæ. Алы районмæ дæр æххуысы хай фæхæццæ. Сæ ног уавæртыл чи цин кæны, уыдоны хсæн сты Æрæфы районы Хæзныдоны цæрджытæ. Хъæуы культурæйы хæдзары гæнæнтæ федта Сосранты Жаннæ. Бакæсæм ын йæ сюжетмæ.

Бæллицтæ царды сæ бынат арынц. Хæзныдоны хъæуы сывæллæттæн фæзынд райдзаст уавæртæ сæ арæхстдзинæдтæ æргом кæнынæн. Капиталон цалцæггонд æрцыд культурæйы артдзæст, уыимæ та хъæуы Хъамболты Екатеринæйы номыл библиотекæ. Ивд дзы æрцыд алцыдæр — тæрхæджытæ, стъолтæ, бандæттæ.

Культурæйы хæдзармæ бакъахдзæф кæнгæйæ адæймаджы уды байгом вæййынц диссаджы ирд æнкъарæнтæ. Бæстыхайы раздæры уавæртæ чи хъуыды кæны, уыдонмæ абоны гæнæнтæ кæсынц æгæрон. Кафты ансамбль «Хæзныдон» ам архайы ссæдз азæй фылдæр. Алы уавæрты сæ архайд кодтой. Фæлæ бæллыдысты ахæм райдзаст сценæмæ.

Алцæмæй æххæст! Афтæ зæгъæн ис Хæзныдоны культурæйы артдзæстæй. Хъæуы сывæллæттæн ахæм уавæртæ искуы суыдзæн, ам уыцы хъуыдыйыл æууæндгæ дæр нæ кодтой. Ныр дзы кусы цалдæр къорды, се хсæн драмон-театралон æмæ аив дзырды къорттæ.
Афтæмæй дзы архайд цæуы сывæллæтты зондахаст фылдæр кæныныл. Тубеты Ибрагим тынг зæрдиагæй кæны йæ хæрзиуджыты кой. Йе сфæлдыстадон хъуыдытæ адæмы размæ хæссы пластилинæй сæ аразгæйæ.

Уæдæ Ботасты Фатимæ та сывæллæттæй тынгдæр цин кæны, культурæйы хæдзары сын хицæн къуым кæй фæзынд, ууыл.

Зæгъын хъæуы, Национ проект «Культурæ»-мæ гæсгæ Æрæфы районы цалцæггонд кæй æрцыд бирæ культурæйы хæдзæрттæ.

Хазныдоны культурæйы хæдзары бæстыхайы арæзт æрцыд 60-йæм азты. Уыцы рæстæгмæ йæм кастысты бынæттон амалхъом адæн. Культурæйы хæдзар тынг хъæугæ у хъæуы мидæг, æрмæст фæсивæды сфæлдыстадон райрæзтыл дзы куыст нæ фæцæуы, фæлæ ма дзы арæх æрбамбырд вæййынц Хæзныдоны дзыллæтæ. Æвдыст сын дзы æрцæуы концертон программæтæ æмæ спектакльтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania