филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:51 среда, 24 апреля 2024
06 декабря 2022, 11:21
Нотæты музыкалон библиотекæйы байгом Абайты Агуындæйы фыццаг сæрмагонд равдыст

Кæд æм сæрмагонд нывкæнынады ахуырад нæй, уæддæр саби уæвгæйæ аивад йæ зæрдæмæ фæндаг ссардта

Нотæты музыкалон библиотекæйы байгом Абайты Агуындæйы фыццаг сæрмагонд равдыст. Кæд æм сæрмагонд нывкæнынады ахуырад нæй, уæддæр саби уæвгæйæ аивад йæ зæрдæмæ фæндаг ссардта. Уæдæ хъомыл дæр кодта профессионалон нывгæнæджы куыстытæм кæсгæйæ. Уыцы нывгæнæг у йæ фыд – Абайты Алан. Чызг йæхи æвзары акварель æмæ акрилимæ кусгæйæ. Кæны æрмдæсныйады куыстытæ дæр. Равдыстмæ Агуындæ бахаста йæ 25 куыстæй фылдæр, алыхуызон техникæйæ конд. Техникæтæ алыхуызон, фæлæ сæ иу кæны – ирд хуызтæ æмæ нывгæнæджы арæхстджын хъуыдытæ. Равдыст арæзт у, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм адæмы боны кадæн. Агуындæ рынчын у сывæллæтты церебралон параличы 3-аг къæпхæнæй. Кусы республикæйы сывæллæтты курдиæтты райрæзты центр «Вершина»-йы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania