филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:06 понедельник, 13 мая 2024
09 апреля 2024, 11:52
Ольгинскæйы байгом кодтой мемориалон фæйнæг ирон театралон аивады бындурæвæрæг Тотраты Бесæйæн

Уый уыд ирон театры бындурæвæрæг, фыццаг профессионалон актер, Дзæуджыхъæуы сценæйы спектакльтæ чи æвæрдта, уыцы фыццаг режиссер

Ольгинскæйы байгом кодтой мемориалон фæйнæг ирон театралон аивады бындурæвæрæг Тотраты Бесæйæн. Уый уыд ирон театры бындурæвæрæг, фыццаг профессионалон актер, Дзæуджыхъæуы сценæйы спектакльтæ чи æвæрдта, уыцы фыццаг режиссер. Революцийы агъоммæ Тотраты Бесæ архайдта Санкт-Петербурджы императорон театры, ивгъуыд æнусы 30-æм азты скодта студи Мæскуыйы аивадон академион театры. Уырдыгæй республикæмæ сыздæхтысты профессионалон актертæ æмæ бындур сæвæрдтой ирон театрæн. Йæ райгуырæн хæдзары къулыл мемориалон фæйнæг байгом кæныны бар лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист Гуыбиаты Хъазыбегæн æмæ Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг Бекъойты Розæйæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania