филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:04 среда, 01 мая 2024
16 апреля 2024, 11:53
Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз депутаттимæ бабæрæг кодта Садоны зды æмæ цинчы комбинаты музейон-парчы комплекс Алагиры

Куыд фæбæрæг кодтой афтæмæй, комбинатæн бындур æвæрд æрцыди æппæт бæстæйы фæллойы фæрцы

Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз депутаттимæ бабæрæг кодта Садоны зды æмæ цинчы комбинаты музейон-парчы комплекс Алагиры. Куыд фæбæрæг кодтой афтæмæй, комбинатæн бындур æвæрд æрцыди æппæт бæстæйы фæллойы фæрцы. Ардæм кусджытæ æмæ специалисттæ цыдысты бæстæйы алы къуымтæй. Иумæ арæзтой завод, сæ размæ вæрд уыди иумæйаг хæс – бæллиццаг фидæн саразын, цæмæй адæмæн уа цардархайды æппæт фадæттæ, йæ раныхасы загъта Тускъаты Таймураз. Депутаттæ ма бабæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны паддзахадон æрдзон фæдзæхст бынаты интерактивон-мультимедион визит-центр дæр. Байгом æй кодтой ацы аз, мартъийы. Æмбал кæмæн нæй, уыцы мультимедион тыгъдад æрбацæуджытæн фадат дæтты Ирыстоны фæдзæхст бынæттыл афæлгæсынæн. Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй разыйæ баззад цы федта, уыцы хъуыддæгтæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania