филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:11 среда, 15 мая 2024
03 июня 2021, 13:52
Райдайгæ фермертæн ныридæгæн грантты хуызы цæуы ахадгæ æххуыс

Сæхи хъуыддаг байгом кæнынæн сын радих кæнынц субсидитæ, сæрмагонд программæ «Агростартап» æххæст кæнгæйæ

Райдайгæ фермертæн ныридæгæн грантты хуызы цæуы ахадгæ æххуыс. Сæхи хъуыддаг байгом кæнынæн сын радих кæнынц субсидитæ, сæрмагонд программæ «Агростартап» æххæст кæнгæйæ. Фæрæзтæй спайда кæнæн ис зæххы хай æмæ техникæ самал кæнынæн, кæнæ та хи куыстуаты рацарæзтæн æмæ æндæр ахсджиаг хæстæ сæххæст кæнынæн. Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар та йе хцайæ архайы хъæрмуæтты комплекс райрæзын кæныныл. Куыд ын æнтысы, уый тыххæй радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Пъæмидорты мингай къудзитæ дардмæ сырх дарынц. А дыууæ боны хъуамæ кæронмæ сцæттæ уой. Ацы быдыр цæры Базиты Вадимы разамындæй. Йæ фыццаг фæлтæрддзинад у, фæлæ йæ фидæнмæ кæсы зæрдæрайгæйæ — рагæй йæ фæндыдис халсартæ зайын кæнын.

Хъæрмуат Вадим сарæзта, Агростартапы программæйы уылты цы грант райста, уый фæрцы. Æфсæйнаг цæджындзтæ, полиэтиленæй конд къултæ æмæ цары бын иттæг хорз зайынц пъæмидортæ. Цæмæй срæгъæд уой, уый тыххæй хъуамæ уæлдæфы температурæ уа дыууын фондз градусы. Цæмæй æнæхъæн афæдз тыллæг æмбырд кæной, уый тыххæй та дзы ис сæрмагонд хъармгæнæн системæ. Йæ пъæмидортæ Базиты Вадим уæй кæндзæнис бынæттон базары. Куыд зæгъы, афтæмæй æдзухдæр æнкъары профилон ведомствæйы специалистты æххуыс. Профессионалон агрономы амынддзинæдтæ куы нæ райсай, уæд хорз тыллæг зынтæй æрзайын кæндзынæ.

Ацы хъæрмуат у, Дыгуры районы агростартапы программæмæ гæсгæ кæй сарæзтой, уыдонæн сæ фыццаг. Ацы аз программæйы архайдзысты æхсай адæймаджы. Уыдон сæ тыхтæ фæлвардзысты алы къабæзты — æхсыры, дзидзайы æмæ ма суанг зокъотæ зайын кæныны.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania