филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:25 четверг, 25 апреля 2024
06 декабря 2022, 11:20
Равдыст «Венецианские строфы» байгом нывкæнынады аивады паддзахадон музейы филиалы

Æппæт цаутæ арæзт цæуынц хъæппæрисджын центры алыварс

«Венецианские строфы». Ахæм сæргондимæ равдыст байгом нывкæнынады аивады паддзахадон музейы филиалы. Æппæт цаутæ арæзт цæуынц хъæппæрисджын центры алыварс. Ныхас цæуы поэт Иосиф Бродскийы æмдзæвгæтыл æмæ нывгæнæг Владимир Наседкины гравюрæтыл. Равдысты æппæт куыстытæ конд сты сæрмагонд хъæдын формæтыл, уыимæ уникалон техникæйæ конд. Уымæ гæсгæ фыццаг бакастæй сæхимæ лвасынц алкæйы дæр. Равдыст фенæн уыдзæн январы кæронмæ. Æмтгæй райсгæйæ та, культурон-рухстауæн проектмæ хаст æрцыд цалдæр цымыдисаг мадзалы. Се хсæн – зындгонд нывгæнæг Владимир Наседкинимæ фембæлд, Иосиф Бродскийы æмдзæвгæтæ аив кæсыны мадзал, стæй нывгæнæг Къуыллыты Зинаидæйы дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Уымæй дарддæр ма сабитæн бацæттæ кæндзысты ирхæфсæн бæрæгбон «Цыппурсы стъалы».

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania