филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:48 суббота, 15 августа 2026
23 июля 2026, 10:28
Республикæйы аграрон къабазæн паддзахадон æххуысы бæрц ацы аз у 1 миллиард æмæ 200 милуан сомы

Фæрæзтæ дихгонд цæуынц бирæазон зайæгойтæ тауынæн æмæ сæм зилынæн, æхсыры куыст кæнынæн, фосдарынадæн æмæ хи фермæтæ гом кæнынæн

Республикæйы аграрон къабазæн паддзахадон æххуысы бæрц ацы аз у 1 миллиард æмæ 200 милуан сомы. Фæрæзтæ дихгонд цæуынц бирæазон зайæгойтæ тауынæн æмæ сæм зилынæн, æхсыры куыст кæнынæн, фосдарынадæн æмæ хи фермæтæ гом кæнынæн. Ацы æмæ æндæр фарстатыл ныхас цыди хъæууон хæдзарады рæзты фарстаты фæдыл æмбырды. Куыст цыди премьер Дзанайты Барисы разамындæй. Боны фæткмæ цы фарстатæ хаст æрцыди, уыдоны хсæн аграритæн паддзахадон æххуыс фæахадгæдæр кæнын, донхорыггæнæн мадзæлттæ, хъæууон туризмы райрæзт, стæй регионы ветеринарон службæйы куысты фарстатæ. Хицауады сæрдар фæнысан кодта, бакусын кæуыл хъæуы, ахæм дыууæ ахсджиаг фарстайы. Республикæйы хъæууон хæдзарады министрадæн бахæс кодта бæстонæй равзарын æмæ сбæрæг кæнын, субсидитæй куыд пайдагонд цæуы, уый. Цæстдарæн мадзæлттæ хъуамæ аххæссой æппæт къæпхæнтыл дæр – гранттæ дæттынæй райдай æмæ сæ куыд сæххæст кæнынц, уымæй фæуы. Дзанайты Барис фæсидт йæ бæрны адæммæ, ихæй хъахъхъæныны системæйы фарстатæм æркæсын дæр. Уый у тыллæг бахъахъхъæнынæн ахсджиаг хæс.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania