филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:54 воскресенье, 19 мая 2024
03 февраля 2020, 13:05
Республикæйы фермертæн фадат ис сæ цæхæрадæтты хъæрмуаттæ скæнынæн

Грантты æххуысы фæрцы сæхи бон у æнæхъæн афæдз тыллæг зайын кæнын, æмæ дзы æфтиаг исын

Хæрзхъæд халсартæ афæдзы дæргъы. Республикæйы фермертæн фадат ис сæ цæхæрадæтты хъæрмуаттæ скæнынæн. Уымæн сын паддзахад дæтты фæрæзтæ. Грантты æххуысы фæрцы сæхи бон у æнæхъæн афæдз тыллæг зайын кæнын, æмæ дзы æфтиаг исын. Ахæм фермерты хсæн ис Къæбойты Мæдинæ. Йемæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд.

Къæбойты Мæдинæ у фæлтæрдджын фермер. Йæ хъæдыг цæхæрадонæй райы адæймаджы зæрдæ. Æмæ æрмæст алыхуызон халсарты уындæй нæ. Мæдинæ дзы уазæгæн скæны лæвæрттæ дæр. Æрæджы газеты бакасти грантты системæйы тыххæй. Амынд дзы куыд уыдис, уымæ гæсгæ, зæххы хæйтты хицæуттæн дæттынц хъæрмуаттæ. Мæдинæйы дæр бафæндыди программæйы архайын. Æрæмбырд кодта документтæ æмæ йын алцыдæр рауади.

Хъæрмуаты бындур ныридæгæн у цæттæ. Хъæуы ма дзы газ æмæ электрон тых бауадзын. Уый фæстæ йæ æрæхгæндзысты. Баласдзысты дзы мæр, стæй снысан кæндзысты цы дзы зайын кæндзысты, уый. Къæбойты Мæдинæйы фæнды помидорты кæнæ джитриты куыст кæнын. Хъæрмуаты бынат ис мин æмæ 2 сæдæ бынæн.

Грантты республикон программæ кусы фарон сæрдæй нырмæ. Адæмæй бирæтæ райстой паддзахадон æххуыс. Æдæппæтæй уал конд æрцыди 21 хъæрмауты. Бирæтæ дзы ныридæгæн пайда кæнынц, иннæтæ цæттæ кæнынц афæдзы дæргъы халсартæ чи дæтдзæни, ахæм цæхæрадæттæ скæнынмæ. 

Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй хъæрмуаты арæзтадæн фæрæзтæ райсын у иу хъуыддаг. Сæйрагдæр у, цæмæй тыллæг фæрæстмæ уа, æмæ райдайа æфтиаг хæссын. Уый та аразгæ у фермерæй йæхицæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania