Ацы аз байтыдтой зæххыты 170 мин гектары
Республикæйы хæдзарæдты дарддæр æфснайынц сæ тыллæг. Ацы аз байтыдтой зæххыты 170 мин гектары. Ныридæгæн æфснайд æрцыд нартхоры 21 мин гектары. Рæстæмбис нымадæй уый у 70 проценты. РЦИ-А хъæууон хæдзарады министры хæдивæг Къадзаты Игорь куыд зæгъы, афтæмæй уый фаг нæу, уымæн æмæ республикæйы йæ ахадындзинад бирæ фылдæр у. Æрыдоны районы æдæппæтæй байтыдтой 17 мин гектары онг. Уыдон – нартхор, сойæ æмæ халсартæ. Красногоры хæдзарады та ныридæгæн æркарстой тыллæджы 90 проценты – нæ сæ бахъыгдæрдтой уарынтæ. Ам куыддæр бæркад æркæрдынц, афтæ та дзы ногæй ныссадзынц, уымæн æмæ зæххы хицау куыд зæгъы, афтæмæй уый у æнæмæнг хъæугæ куыст. Фермерты ныхæстæм гæсгæ, техникæ æмæ хъæугæ кусæнгæрзты æргътæ зынгæ фæфылдæр сты, фæлæ уый нæ хынцгæйæ, дарддæр кæнынц сæ куыст.