06 апреля 2023, 11:05
Республикæйы райдыдта Цæгат Кавказы æвзонг музыкантты конкурс «Сызгъæрин уадзындз»
Йæ архайджытæм æмæ аивадуарзджытæм æнхъæлмæ кæсы хъæздыг программæ
Республикæйы райдыдта Цæгат Кавказы æвзонг музыкантты 4-æм конкурс «Сызгъæрин уадзындз». Йæ архайджытæм æмæ аивадуарзджытæм æнхъæлмæ кæсы хъæздыг программæ. Абоны онг цæуы музыканттæм æркаст. Райсом, 7-æм апрелы та æвзонг курдиæттæн арæзт æрцуæдзысты профессионалон дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Конкурсы архайынц 200 лæппуйæ æмæ чызгæй фылдæр Цæгат Кавказы федералон зылды 6 регионæй. Ерыс кæндзысты 5 номинацийы: фортепиано-соло, фугæнгæ, цæвгæ æмæ адæмон инструменттæ, академион зарæг æмæ эстрадон-джазон вокал. Конкурс, æнæмæнг, раргом кæндзæн ног крудиæттæ, æмæ æвзонг музыканттæн фадат ратдзæн æцæг профессионалтимæ архайынæн, стæй сæ ахсджиаг амындзинæдтæ райсынæн.