филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:10 воскресенье, 19 мая 2024
20 апреля 2020, 16:08
Республикæйы сæ тæмæны бацыдысты хъæууон хæдзарады уалдзыгон куыстытæ

Быдыртæ æмызмæлд кæнынц

Республикæйы сæ тæмæны бацыдысты хъæууон хæдзарады уалдзыгон куыстытæ. Быдыртæ æмызмæлд кæнынц. Практикон æгъдауæй сæ зонындзинæдтæ фидар кæнынц Хæххон паддзахадон аграрон университеты агрономон факультеты студенттæ дæр.

Практикæ цæуынц ахуырадон хæдзарады. Сæ ахуырадон хæдзарад  ифтонг у мыггæгтæй æмæ хъацæнтæй. Ныссагътой уал картоф. Ныр та сæйрагдæр у банхъæлмæ кæсын, цæмæй зæхх схъарм уа 8 градусы онг, цæмæй цæттæ уа нартхор байтауынмæ.

Хæххон аграрон университеты агрономон факультеты студенттæ ныр къуыри практикæ цæуынц ахуырадон хæдзарады. Ацы хорз традицийæн бындур æвæрд æрцыди бирæ азты размæ. Теоретикон зонындзинæдтæ адæймаг хъуамæ æнæмæнг ныффидар кæна практикон æгъдауæй дæр. Уый сын сæ фидæны куыстæн уыдзæни стыр ахъаз.

Фæсивæды куыст æнцон нæу. Мыггæгтæ равзарынæй райдай, æмæ тыллæг æрæмбырд кæнынæй фæуы. Студенттæ технологон процесстимæ кусынц практикæйы рæстæг. Уæвгæ, хъæууонхæдзарадон республикæйы дæсны æмæ фæлтæрдджын аграритæ сæхицæн куыст кæдфæндыдæр ссардзысты. Уымæ гæсгæ ахсджиаг у, фæсивæды зæххы куыстимæ раздæр разæнгард кæнын, стæй сæ ацы дæсныйады сусæгдзинæдтимæ зонгæ кæнын. Картофы фæстæ ралæудзæн нартхоры рад. 15 мин гектары бацахсдзæн быдырты сæйраг культур. Хæдзарад ифтонг у мыггæгтæй æмæ хъацæнтæй. Ныр сæйрагдæр у банхъæлмæ кæсын, цæмæй зæхх схъарм уа 8 градусы онг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania