филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:16 среда, 15 мая 2024
16 марта 2023, 11:35
Рухс федта Уæрæсейы сгуыхт æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ Мыстулаты Иринæйы нотæты æмбырдгонд

Йæ фæндыры зæлтæй хъæлдзæг кодта æнæхъæн республикæйы цæрджыты

Ирд, цардуарзаг æмæ фæллойгæнаг. Рухс федта Уæрæсейы сгуыхт æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ Мыстулаты Иринæйы нотæты æмбырдгонд. Иринæ 50 азæй фылдæр снывонд кодта музыкæйæн. Йæ фæндыры зæлтæй хъæлдзæг кодта æнæхъæн республикæйы цæрджыты. Чиныджы тираж у 200 экземпляры. Мысæн мадзалы уыд не сфæлдыстадон къорд дæр æмæ ныхасы бар Тъехты Элинæйæн.

Йæ мелодитæ баззайдзысты æнусмæ. Рухс федта Уæрæсейы сгуыхт артисткæ Мыстулаты Иринæйы нотæты æмбырдгонд. Ирыстоны культурæмæ цы вæрæн бахаста, уымæн аккаг аргъ скæнын зын у. Чиныджы презентаци ацыд республикæйы адæмон сфæлдыстады хæдзары. Йе руаджы ирон цæгътытæ ахуыр кæнын æнцондæр уыдзæн, йæ цард музыкæимæ цы студенттæ сбастой, уыдонæн, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, сæ ахуыргæнджытæн сæхицæн дæр.

Ирд, цардуарзаг æмæ фæллойгæнæгæй зыдтой Мыстулаты Иринæйы. Æрыдойнаг чызг æнхъæл дæр нæ уыд, йæ музыкæйы руаджы адæмы зæрдæтæм фæндаг кæй ссардзæн, уый. Йæ гыццылæй фæстæмæ бирæ уарзта фæндыр. Йæ сыхаг Уырымты Хъасполат куыд зæгъы, афтæмæй Мыстулон йæ сыхæгтæн лæвар кодта циндзинад. Æнæхъæн сыхæй – иу æрæмбырд сты, æмæ хъуыстой Иринæйы фæндыры зæлтæм.

Иринæйы фæрцы сæ аивадон фæндаг ссардтой бирæ музыканттæ. Йæ сфæлдыстадон бынтыл канд зарджытæ нæ нымайынц, фæлæ ма цы музыкантты схъомыл кодта, уыдоны дæр. Сæ иу – Илурты Риммæ. Риммæ йе сфæлдыстадон фæндаг куы райдыдта, уæд ын фыццаг къахдзæфтæгæнгæйæ æххуыс кодта Мыстулаты Иринæ. Уый йын йæ зарджытæн канд фæндырæй нæ цагъта, фæлæ ма йын æргом кодта музыкæйы сусæгдзинæдтæ. Сæ фыццаг иумæйаг куыст Риммæ ныр дæр ма æрхъуыды кæны мидбылхудтимæ.

Уæрæсейы сгуыхт æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ ирон аивад бирæ кæй уарзта, ууыл дзурæг сты, цы мелодитæ ныффыста, уыдон. Лирикон æмæ рог, хъæлдзæг æмæ æнкъард. Мыстулонæн йæ цæгътытæ дæр уыдысты йæхи хуызон – æнæбафæзмгæ.

Мысæн мадзалы архайдтой Гергиты Валерийы номыл аивæдты колледжы адæмон инструментты ансамбль, адæмон кафты ансамбль «Маленький Джигит», стæй аивады мастертæ æмæ республикæйы сфæлдыстадон коллективтæ.

Мыстулаты Иринæйы нотæты æмбырдгонд саразыны хъæппæрис разынд йæ чызг – Хуытыгаты Маринæмæ. Куыстой йыл цалдæр азы.

Чиныджы тираж у 200 экземпляры. Фæлæ ууыл æрлæууынмæ нæ хъавынц. 200 æмбырдгонды балæвар кæндзысты культурæйы æмæ аивæдты колледжтæн, аласдзысты сæ районтæм. Дарддæр ма кæй саразой, уыдон та уыдзæн балхæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania