филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:11 пятница, 17 мая 2024
29 июля 2022, 10:15
Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд культурæйы фарстаты фæдыл æмбырд

Ныхас цыд библиотекæты æмæ музейты архайд нырыккондæр хуызы рацаразыныл

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд культурæйы фарстаты фæдыл æмбырд. Ныхас цыд библиотекæты æмæ музейты архайд нырыккондæр хуызы рацаразыныл. Бæлвырддæр та ирхæфсæн æмæ рухстауæн проекттæ фæфылдæр кæныныл. Регионы разамонæг куыд загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстонæн ис стыр гæнæнтæ культурæйы рæзтæн. Ам хынцын хъæуы бирææнусон истори, хъæздыг национ традицитæ æмæ хъæбатырдзинады азфыст. Культурæйы рæзтыл бæстон доклад скодта профилон министр Галазты Эдуард. Æргом аздæхта, Аланийыл саргъуыды 1100 азы, стæй Цæгат Ирыстоны автономийы 100 азы мадзæлттæм. Уымæй дарддæр ма 2024-æм азы уыдзæн дыууæ ахсджиаг цауы. Бæрæг кæндзыстæм Ирыстон Уæрæсеимæ кæй баиу, уый 250 азы, стæй Дзæуджыхъæуы 240 азы бонтæ. Сергей Меняйлойы хъуыдымæ гæсгæ ацы цаутæн ис федералон нысаинуæг æмæ Галазты Эдуардæн бабар кодта бæлвырд мадзæлтты пълан бацæттæ кæнын. Æмбырды ма æрныхас кодтой музейтæн фондтæ хъахъхъæнæн æмæ æдасдзинады системæтыл бакусын, цæмæй нæ республикæмæ хъуыстгонд равдыстытæ æрбаласæн уа, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania