16 февраля 2021, 13:34
Спектакль «Портрет Дориана Грея» равдыстой Металлургты культурæйы галуаны
Цардæй æфсæст адæймаджы нырæй фæстæмæ фæнды алцыдæр бафæлварæн
Спектакль «Портрет Дориана Грея» равдыстой Металлургты культурæйы галуаны. Цардæй æфсæст адæймаджы нырæй фæстæмæ фæнды алцыдæр бафæлварæн. Хæрзæрыгон лæппу нал зæронд кæны. Йæ тæригъæдтæ æмæ фыдуаг митæ баззадысты æрмæстдæр йæ портреты. Ацы уацмыс зындгонд у æппæт дунейы дæр. Суанты Валерийы балеты постановкæйы фæрцы та йæ бантыст кафты æмæ æнкъарæнты фæрцы равдисын.Сæйраг сурæт дзы сарæзта Хуыгаты Аслан. Спектаклы сæ курдиат раргом кодтой Гергиты Валерийы номыл аивæдты колледжы хореографион хайады студенттæ.




