филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:39 воскресенье, 19 мая 2024
04 апреля 2023, 11:06
Суанты Кимы номыл Паддзахадон национ эстрадон оркестр сбæрæг кодта йæ 30 азы юбилей

Уæдæ окестры репертуар дæр у хицæн ныхасы – æдæппæтæй дзы ис 500 зарæгæй фылдæр

Эстрадон музыкæ, джаз, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг композиторты зындгонд уацмыстæ. Суанты Кимы номыл Паддзахадон национ эстрадон оркестр сбæрæг кодта йæ 30 азы юбилей. 30 азы дæргъы аивад уарзаг адæмы зæрдæтæ рухс кæны йæ музыкалон композицитæй. Уæдæ окестры репертуар дæр у хицæн ныхасы – æдæппæтæй дзы ис 500 зарæгæй фылдæр. Репетицийы уыд нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ дæр, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Маэстройы амындмæ гæсгæ айхъуысынц джазы зæлтæ. Адæймаг сæм куы байхъусы, уæд банкъары зарæджы тых. Уыцы тых банкъарæн ис оркестры руаджы. Йæ архайджытæ хуымæтæг куыст нæ кæнынц. Алчидæр сæ уарзы йæ куыст æмæ йæ рæсугъдæй хæццæ кæны адæймагмæ.

Фæлтæрты зарджытæ алы взæгтыл. Уыимæ иронау дæр. Оркестры репертуары ис 500 зарæгæй фылдæр. Алкæцыйы дæр оркестры архайджытæ сæвæрдтой арф мидис æмæ сæ уарзондзинад. Уæлдай нæу, иу адæймагæн æви мин хъусæгæн – алкæмæн дæр зæрдæбынæй зарынц æмæ вдисынц джазы рæсугъддзинад.

Оркестр равзæрд 1993-æм азы. Уæдæй нырмæ дзы æрцыд бирæ ивддзинæдтæ. Кæд йæ саразæг Суанты Ким йæ цардæй ахицæн, уæддæр ын йæ куыст дарддæр кæны йæ чызг Суанты Альбинæ. Куыд зæгъы, афтæмæй сæрыстыр у, оркестры хай кæй у, æмæ йæ фыды куыст кæй дарддæр кæны, уымæй.

Уæдæ Паддзахадон национ эстрадон оркестры зонынц æндæр республикæты дæр. 30 азы фæстæ дæр адæмæн у уарзон.

Оркестрæн фидæнмæ ис бирæ нысантæ. Зæгъæм, ацы аз концерттæ цæттæ кæны канд нæ республикæйæн нæ, фæлæ ма æндæр горæттæн дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania