филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:53 воскресенье, 19 мая 2024
29 марта 2022, 12:15
Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры уыд радон премьерæ

Бацæттæ кодтой Тедеты Георгийы уацмысмæ гæсгæ спектакль «Дурджын зæхх»

Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры уыд радон премьерæ. Бацæттæ кодтой Тедеты Георгийы уацмысмæ гæсгæ спектакль «Дурджын зæхх». Йæ сæвæрыныл бацархайдта Сабанты Тамерлан. Сæйраг сурæттæ та сарæзтой Гуыбиаты Хъазыбег, Къуымæллæгкаты Владимир æмæ Тедеты Сослан. Спектакль ирдæй æвдисы æхсæнады лыггæнинаг фарстатæ. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ ацы пьесæ Ирон театры сæвæрдтой дыккаг хатт. Уæд ыл бакуыста Хуыгаты Геор. Куыд рауад ацы хатт, уый тыххæй бæстондæр радзурдзæн Бококты Виктория.

Сценæйы хæххон хъæу, кæрт, гутон, æмæ æндæр хъæууонхæдзарадон кусæнгæрзтæ. Ирон театры уазджытæн ацы декорацитæ зонгæ сты. Семæ нырыккон дуджы техникон фæрæзтæ – ноутбук æмæ чырæ телефон. Национ бындуртæ баиу сты ног дугимæ. Прозаик æмæ публицист Тедеты Георгийы сфæлдыстады рагон царды хæзнатæ райстой ног хуыз. Йæ уацмыс «Чаша, секира, плуг»-мæ гæсгæ, ацы хатт Ирон театры сценæйы ног спектакль «Дурджын зæхх». Йæ сæвæрыныл бацархайдта театры сæйраг режиссер Сабанты Тамерлан.

Сюжеты астæу – сызгъæрин æмæ æвзистæй хъæздыг зæхх. Ауæй кæныны фæнд æй скодтой æртæ æфсымæры. Уыдон сты – политик Иран, цæры Мæскуыйы. Амалхъом адæймаг Алан, цæры Францийы, стæй инæлар Сæрмæт. 12 азы дæргъы сæ мадмæ нæ цыдысты, фæлæ куы базыдтой сæ зæххы аргъы тыххæй, уæд сæ райгуырæн бæстæмæ æвæстиатæй атындзыдтой. Сæйраг сурæттæ сарæзтой – Къуымæллæгкаты Владимир, Гуыбиаты Хъазыбеæ æмæ Тедеты Сослан.

Кæй зæгъын æй хъæуы, абон ивд æрцыдысты  сценæйы фæрæзтæ, артистты балæвæрд, фæлæ, раздæрау, ахсджиаг у – аивадуарзджыты зæрдæмæ фæндаг ссарын.

Тедеты Георгийы пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Дурджын зæхх» у ног хуызы арæзт. Фæлæ æнæивгæ у йæ мидис – æхсæнады цард æвдисын, адæймаджы æппæт æвæрццæг æмæ æппæрццæг миниуджытимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania