филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:22 пятница, 10 мая 2024
03 июня 2019, 17:25
Тъæмисчъы цæуы æппæтуæрæсеон инклюзивон фæсивæдон ахуырадон форум «Æнæ арæнтæй»

Тъæмисчъы цæуы æппæтуæрæсеон инклюзивон фæсивæдон ахуырадон форум «Æнæ арæнтæй». Райдыдта 1-æм июны. Проекты архайы 210 адæймаджы Цæгат Кавказы федералон зылдæй, Санкт-Петербургæй, Калининградæй, Грекъæй, Казахстанæй, Кыргызстанæй, Абхазæй æмæ Хуссар Ирыстонæй. Се хсæн сты, се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы фæсивæд дæр. Фондз боны сын специалисттæ араздзысты ахуырадон тренингтæ, архайджытæ фембæлдзысты æхсæнады минæвæрттимæ, спортсментимæ, артисттимæ. Уымæй уæлдай ма сын амонынц амалхъомдзинады проекттæ аразыны технологитæ. Фæстæдæр та сын специалисттæ баххуыс кæндзысты проекттæ саразын, цæмæй архайой гранттæ райсыны конкурсты æмæ æппæтуæрæсеон форумты. Респубикæйы куыстдæттыны комитет та æрыгон адæмæн радзурдзæнис, сæхи кæм бафæлварой, ахæм куысты бынæтты тыххæй. Мадзал саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, форумы нысан у, адæмы æргом раздахын, се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыдоны фарстатæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania