Труппæйы постановкæтæ ныртæккæ фæцæуынц, 100 бынаты кæм ис, ахæм ангары
Паддзахадон бæхты драмон театр «Нарты» рæзтыл ныхас кодтой республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ театры аивадон разамонæг Сихъоты Тимур. Труппæйы постановкæтæ ныртæккæ фæцæуынц, 100 бынаты кæм ис, ахæм ангары. Хорз боныхъæд куы вæййы, уæд та сæрдыгон фæзы. Уым бацæуыны бон у 500 адæймагæн. Сихъоты Тимур куыд загъта, афтæмæй, цæмæй театр йæ спектакльтæ фылдæр аивадуарзджытæн æвдиса, æмæ йæ хъомыс рæза, уый тыххæй хъæуынц ног уынаффæтæ. Ныхас ма цыд театрæн йæхи бæстыхай саразыныл. «Нартæн» хъæуынц декорацитæ аразæн æмæ сценикон уæлæдарæс хуыйыны цехтæ. Уымæй дарддæр дзаумæттæ ивæн, гримгæнæн, техникон æмæ административон бæстыхæйттæ. Ныртæккæ проект у цæттæ, ацыд паддзахадон экспертизæ. 2025-æм азы фæрæзтæ радих кæнынæн курдиат балæвæрдтой Уæрæсейы культурæйы Министрадмæ. Республикæйы Сæргълæууæг куыд бафиппайдта, афтæмæй хъæуы регионалон æмвæзадыл æппæт къæпхæнтæм лæмбынæг цæстдарын. Ныхас ма цыд концерттæ æмæ гастрольтæ аразыны фæткыл дæр.