филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:12 пятница, 17 мая 2024
07 сентября 2022, 10:40
Цæгат Ирыстон суазæг кодта фестиваль «Театралон фæззæг»-ы архайджыты

Уырыссаг театры стыр æмæ чысыл сценæтæм рацæудзысты Санкт-Петербурджы, Республикæ Марий Элы, Башкортостаны, Чувашийы, Дагестаны, Хъалмыхъы æмæ Мордовийы труппæтæ

Цæгат Ирыстон суазæг кодта фестиваль «Театралон фæззæг»-ы архайджыты. Уый цыппар азы æрæмбырд кæны бæстæйы раззагдæр национ сфæлдыстадон къордты. Республикæйы фыццаг хатт арæзт æрцыд. Уырыссаг академион театры сценæйы фестиваль байгом кодта Санкт-Петербурджы театр «Балтийский дом». Ирон аивадуарзджыты размæ рахаста спектакль «Душечка». Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Сæвæрын грим, скæнын костюм, радон хатт диалог арепетици кæнын. Актерты театралон цард йæ тæмæны бацæуы, сценæмæ рацæуынæй бирæ раздæр. Санкт-Петербурджы «Балтийский дом»-ы минæвæрттæй бирæтæ Вахтанговы номыл уырыссаг академион театры фыццаг хатт сты. Сæ ныхæстæм гæсгæ, ирон аивадуарджытимæ фембæлдмæ рагæй æнхъæлмæ кастысты.

Хъæлдзæг, музыкæйæ æмæ рæсугъддзинадæй æххæст, зæрдæагайæг истори. Ахæмæй аивадуарзджыты размæ рахастой, Антон Чеховы радзырдмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Душечка». Театр «Балтийский дом»-ы сфæлдыстад сæмбырд кодта аншлаг. Виктория Зайцева ахъазыд сæйраг роль – сарæзта Душечкæйы фæлгонц. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ хъайтары æмбары, æмæ уый сæйрагдæр у.

Ацы спектаклæй байгом цыппæрæм фестиваль «Театралон фæззæг». Арæзт у Уæрæсейы культурæйы министрады æххуысæй. 2019-æм азæй фæстæмæ æрæмбырд кæны бæстæйы раззагдæр национ сфæлдыстадон къордты. Цæгат Ирыстон фестиваль фыццаг хатт суазæг кодта. Уырыссаг театры стыр æмæ чысыл сценæтæм рацæудзысты Санкт-Петербурджы, Республикæ Марий Элы, Башкортостаны, Чувашийы, Дагестаны, Хъалмыхъы æмæ Мордовийы труппæтæ. Уазджытæ аивадуарзджыты размæ рахæсдзысты, уырыссаг литературæйы классикты уацмыстæм гæсгæ æвæрд спектакльтæ.

Сæйраг программæйæ дарддæр ма фестиваль æххæстгæнгæйæ арæзт æрцæудзысты дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, тымбыл стъолтæ, уæрæсейаг театрты зындгонд разамонджыты архайдимæпресс-конференцитæ. Ахæм сфæлдыстадон фембæлд уал уыд режиссер Кама Гинкасимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania