филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:40 вторник, 21 мая 2024
16 февраля 2023, 11:21
Цæгат Ирыстонæн маргъы фыдæй йæхи сæххæст кæнын йæ бон у, æви нæ?

Санкциты уавæрты бынæттон фермертæ æнтыстджынæй архайынц, сæ продукци сыхаг республикæтæм хæццæ кæныныл

Цæгат Ирыстонæн маргъы фыдæй йæхи сæххæст кæнын йæ бон у, æви нæ? Санкциты уавæрты бынæттон фермертæ æнтыстджынæй архайынц, сæ продукци сыхаг республикæтæм хæццæ кæныныл. Ис дзы зындзинæдтæ дæр. Уавæр равзарыны тыххæй не сфæлдыстадон къорд бабæрæг кодта республикæйы маргъдарæн куыстуæттæй иу. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Иу бон кæуыл цæуы, ахæм бройлер-цъиуты дарддæр хæссын æмæ дзидзайы куыст кæнын. Уый у ацы маргъдарæн фабрикæйы сæйраг специализаци. Ам кæнынц инкубацион айк цæттæ кæныны куыст дæр. Холлаг дæттыны автоматикон системæ, температурæ, рухс – мæргъты нымæц фæфылдæр кæнынæн æппæт домæнтæ æххæстгонд цæуынц.

Кæрчыты æвзæрст мыггæгты фæрцы фæкъаддæр сæ хъомыл кæныны æмгъуыд. Кæд раздæр, цæмæй маргъы уæз хъæугæ бæрæггæнæнмæ схæццæ уа, уымæн хъуыд 2 мæйæ фылдæр, уæд ныр цъиуты уæз 3 килограммы свæййы 45 бонмæ. Карчы фыд ласынц горæты дуканитæм, ныхасгонд сты бынæттон супермаркеттимæ дæр. Маргъдарæн фабрикæйы сæрмагонд киосктæ та бахъуыд айсын, ахадгæ кæй нæ уыдысты, уымæ гæсгæ.

Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ æмæ логистикæимæ къуылымпыдзинæдтæ фæзындысты маргъдарæн къабазыл. Кæрчыты хæссынæн холлагмæ цы алыхуызон хъацæнтæ æфтауыннц, уыдон нал ласынц, сæвзæрд амалхъом адæмы ма равзарын кæй хъæуы, ахæм æндæр зындзинæдтæ дæр

Фидæнмæ куыстуаты нысан кæнынц сæ продукци фылдæр кæнын æмæ йæ кæдæм хæццæ кæной, ахæм ног гæнæнтæ агурын. Ныртæккæ æмгуыстады тыххæй ныхас цæуы стыр уæрæсейаг ритейлеримæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania