филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:53 воскресенье, 19 мая 2024
30 января 2020, 12:00
Цæгат Ирыстоны æнтыстджынæй царды уадзынц федералон проект «Агростартап»

Уый фæрцы Дыгуры районы хъæууон хæдзарæдтæй иуы ацы мæйы райдиан фæзынди хæрзмыггаг стурвосы 20 сæры

Цæгат Ирыстоны æнтыстджынæй царды уадзынц федералон проект «Агростартап». Уый фæрцы Дыгуры районы хъæууон хæдзарæдтæй иуы ацы мæйы райдиан фæзынди хæрзмыггаг стурвосы 20 сæры. 8 Гранты æххуысæй хæдзарад зынгæ къахдзæф акодта размæ. Фæлæ ууыл æрлæууынмæ нæ хъавынц. Цавæр фæндтæ æмæ нысантæ ма сæм ис, уый тыххæй радзырдтой не сфæлдыстадон къордæн.

Ацы фермæйы ног цæрджытæн тагъд ратдзысты нæмттæ дæр. Кæсæг-Балхъарæй ласт стурвос ныртæккæ æрбынæттон сты Дур-Дуры быдырты. Швицаг стурвосы мыггаг балхæнын фермертæн сæ къухы бафтыди гранты фæрцы. Райстой 2 милуаны æмæ 4 сæдæ мин сомы бæрц.

Фæрæзтæ радих кодтой федералон программæ «Райдайгæ фермер» æххæстгæнгæйæ. Ацы фермерон хæдзарад фосдарынады куыст кæнын райдыдта æрæджы. Кæнынц маргъы куыст. Фæлæ сæм стурвосимæ архайыны фæлтæрддзинад дæр ис. Фылдæр сæм уыдис бынæттон фос. Стæй сфæнд кодтой швицаг фос балхæнын, æмæ хуымæтæджы нæ. Фосы ацы хыз хорз у дзидзайæн дæр, стæй æхсырæн дæр. Архайынц дыууæ хъуыддаджы дæр райрæзын кæныныл. Хæстæгдæр рæстæг хæдзарадмæ æрбаласдзысты хæрзмыггаг гал дæр.

Афæдзы кæронмæ æнхъæлмæ кæсынц, фос дыууæ хатты кæй фæфылдæр уыдзысты, уымæ. Уæд дзы фæзындзæни æхсыры фыццаг æфтиаг дæр. Райдианы уал дзы пайда кæндзысты родтæ схæссыны. Алы бон дæр хъуамæ 6 литрæй къаддæр хъуамæ ма нуазой. Фидæны нысан кæнынц фылдæр æргом æхсыры куыстмæ аздахын, уæлдайдæр та цыхт кæныны хъуыддагмæ.

Хæдзарады территори ис фæуæрæхдæр кæнæн. Зæххытæ дзы ис 6 гектармæ хæстæг. Ис дзы хизæнуæттæ дæр. Скъæт у 200 сæрæн. Сæ хъуыдыты ис цалцæггæнæн куыстытæ, стæй нырыккон хъæугæ кусæнгæрзтæ балхæнын. Ам дæр фермертæ зæрдæ дарынц паддзахадон æххуысыл.

Швицаг хæрзмыггаг фос у Швецарийæ. Фæлæ йæ рагæй ласынц Уæрæсемæ дæр. Республикæйæн дæр ног нæу. Фос мах климæтыл фæцахуыр вæййы тагъд æмæ æнцонтæй. Сæ холлæгты хсæн хос, хъæбæр хор, цъата.  Бынæттон фосæй хицæн кæнынц се ддаг бакастæй дæр. Иу дзы ласы 500 кг онг. Æхсыры та афæдзмæ рæстæмбисæй дæттынц 4 мин литрмæ хæстæг. Сæ дзидзайы хæрзхъæддзиадæн дæр сын кæнынц стыр аргъ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania