филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:11 вторник, 21 мая 2024
29 марта 2023, 11:03
Цæгат Ирыстоны агропромышленнон комплексы æххуысæн ацы аз радих кæндзысты 1 миллиард сомæй фылдæр

Уый тыххæй хъæууон хæдзарады министр Къусраты Алан фехъусын кодта Оперативон штабы æмбырды

Цæгат Ирыстоны агропромышленнон комплексы æххуысæн ацы аз радих кæндзысты 1 миллиард сомæй фылдæр. Уый тыххæй хъæууон хæдзарады министр Къусраты Алан фехъусын кодта Оперативон штабы æмбырды. Амыдта йæ Хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Паддзахадон программæйы мадзæлтты фæрцы республикæйы аграритæн ис æххуысы алыхуызон фæрæзтæ. Профилон министр куыд загъта, афтæмæй расидтысты, субсидитæ райсынæн гæххæттытæ дæттын агротехнологон куыстыты комплекс æххæст кæнынæн, лыстæг æмæ стурвос дарынæн, донхорыггæнæн системæйы райрæзтæн, стæй бинонты фермæтæн гранттæ дæттынæн. Уымæй уæлдай ма ис бацархайæн проект «Агростартап»-ы. Ацы хъуыддæгтæн нысангонд æрцыд 80 милуан сомы бæрц. Ведомствæйы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, 16 адæймаджы райстой сæ хæдзарадты райрæзтæн цыбыр æмгъуыдмæ кредиттæ 210 милуан сомæй фылдæрæн. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй фарон санкциты уавæры дæр республикæйы хъæууон хæдзарады къабаз равдыста æмбæлгæ хатдзæгтæ, æмæ ныр бацархайын хъæуы, цæмæй ацы аз агропромышленнон комплекс дарддæр рæза. Уый тыххæй хъæуы федералон æмæ регионалон æххуысы æппæт фæрæзтæй ахадгæйæ спайда кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania