филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:36 пятница, 17 мая 2024
16 сентября 2022, 10:44
Цæгат Ирыстоны академион театр архайы национ театрты æппæтуæрæсеон фестиваль «Федераци»-йы

Режиссер Битарты Алыксандр Цæцæны республикæйы аивадуарзджыты размæ рахаста Чеховы уыцмысмæ гæсгæ вæрд спектакль «Палата №6»

Тæбæхсæуты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны академион театр архайы национ театрты 4-æм æппæтуæрæсеон фестиваль «Федераци»-йы. Режиссер Битарты Алыксандр Цæцæны республикæйы аивадуарзджыты размæ рахаста Чеховы уыцмысмæ гæсгæ вæрд спектакль «Палата №6». Ирдæй дзы зынынц æхсæнады аиппдзинæдтæ, адæмы æгæрон фарстатæ, нырыккон царды фæзилæнтæ. «Федераци»- у стыр театралон форум. Адæмыхæттыты иу кæны культурæйы фæрцы, Уæрæсейы цы нацитæ цæры, уыдоны бастдзинæдтæ кæнынц фидардæр. Форум арæзт цæуы Уæрæсейы культурæйы министрад, театралон архайджыты Цæдисы æмæ Цæцæны республикæйы разамынды æххуысæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania