филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:14 суббота, 18 мая 2024
27 сентября 2022, 11:12
Цæгат Ирыстоны академион тетар цæттæ кæны йæ ног сезонмæ

Ацы бонтæ театры труппæйæн сты  уæлдай ахсджиагдæр

Цæгат Ирыстоны академион тетар цæттæ кæны йæ ног сезонмæ. Ацы бонтæ театры труппæйæн сты  уæлдай ахсджиагдæр. Актертæ анализ кæнынц сæ хъайтартæн, сæ ахастдзинæдтæ спектаклы иннæ архайджытимæ, фæлхат кæнынц сæ ахсджиаг диалогтæ. Иу ныхсæй – активонæй цæттæ кæнынц театрдзаутимæ ног фембæлдмæ, æвæрынц «Се Человек». Къостайы ацы уацмыс ирон театры æвæрд цæуы фыццаг хатт. Æвдыст дзы цæуы Чырыстийы царды фæстаг бон. Ацы уацмыс хуымæтæджы нæ равзæрстой. Репертуар ацы аз баст уыдзæни Аланийы саргъуыды 1100 азы тематикæимæ. Премьерæ ацæудзæн 15-æм октябры, ирон литературæйы бындурæвæрæджы гуырæнбоны. Уæвгæ театры 87-æм сезоны аивадуарзджытæм æнхъæлмæ кæсы бирæ цымыдисаг фембæлдытытæ. Ныридæгæн сæм репетицитæ цæуы зындгонд пьесæтæм гæсгæ вæрд спектакльтæн. Репетицитæ æрмæст стыр залы сценæйы нæ цæуынц. Ацы аз байгом уыдзæни гыццыл зал дæр. Æвдыст дзы цæудзысты камерон уацмыстæ, поэтикон изæртæ, сывæллæтты спектакльтæ, нырыккон драматургия. Уымæй уæлдай, ацы аз актертæ сæ зæрдæ дарынц алыхуызон фестивальты архайыныл, Уæрæсейы иннæ театртимæ æмгуыстадыл æмæ стыр гастрольтыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania