филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:00 понедельник, 06 мая 2024
14 апреля 2022, 12:29
Цæгат Ирыстоны активонæй рæзы фосдарынады къабаз

Дæнцæгæн æрхæсдзыстæм – фысты æмæ сæгъты нымæц, фаронимæ абаргæйæ, кæй сырæзт 14%.

Цæгат Ирыстоны активонæй рæзы фосдарынады къабаз. Дæнцæгæн æрхæсдзыстæм – фысты æмæ сæгъты нымæц, фаронимæ абаргæйæ, кæй сырæзт 14%. Уый, фыццаджыдæр, баст у уыимæ, æмæ фермерон хæдзарæдтæн паддазхады рдыгæй кæй цæуы ахадгæ æххуыс. Хи хæдзарæдтæн æмæ аграрон кооперативтæн дæттынц гранттæ. Материалон æххуыс фæбæрæг вæййы куыстуæтты рæзтыл. Фæлæ ис лыггæнинаг фарстатæ дæр. Æппæт уыдæттыл бæлвырддæр радзурдзæн нæ уацхæссæг Бокоты Виктория.

Фысты фермæйы алы уæрыккыл дæр тынг бацин кæнынц. Хъæуы сæм бæстон зилын, куыд хæрынц, цы хæрынц, кæм сæ дарынц, уым уæлдæфы температурæ цавæр æмвæзадыл ис, æмæ афтæ дарддæр.

Сæ холлаг у алывæрсыг: æхсыр, хоры алы хуызтæ æмæ афтæ дарддæр. Сæйрагдæр у, цæмæй сæ уæзыл тагъд æфта. Тушинаг мыггаг Цæгат Ирыстоны у тынг парахат, уымæн æмæ сын нæ регионы климат иттæг хорз у.

Советон рæстæджы къуымбилы 300 килограммæн райсæн уыдаид уыйбæрц аргъ, æмæ адæймаджы бон уыд фатер балхæнын. Ныртæккæ та къуымбил афтæ арæх нæ агурынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, фæлхасгæнджытæ фылдæр агурынц дзидза. Фыстæ æмæ сæгътæ ног фæлтæр куы раттынц, æмæ йæ бæрц 80% онг куы свæййы, уæд уый нымад вæййы æнтыстджын кампанийыл. Республикæйы бирæ хъæууонхæдзарадон кооперативты ныртæккæ уыцы бæрæггæнæн схызт 90 процентмæ.

Цæгат Ирыстоны, æмтгæй райсгæйæ, фысты æмæ сæгъты нымæц, фаронимæ абаргæйæ, фæфылдæр 14 проценты. Ахæм бæрæггæнæнтæ баст сты, паддзахады рдыгæй сын ахадгæ æххуыс кæй цæуы, уыимæ. Ныр 4 азы дæргъы хъæууон хæдзарады министрад хæдзарæдтæн æххуыс кæны сæ хæрдзтæ æхгæнынæн. Уымæй дарддæр фермерты сразæнгард кæнынц конкурсты архайынмæ. Фæлæ ис лыггæнинаг фарстатæ дæр. Сæ фылдæр баст сты зæххытимæ.

Хъæууон хæдзарады министрады æппæт лыггæнинаг фрастаты тыххæй зонынц. Специалисттæ зæгъынц, хъæуы инвестицитæ здахын æмæ фермертимæ иумæ зæххы хæйттæ агурын.  Зæгъæм, 10 гектары сты бирæйы фаг. Хæдзарæдтæн дзы фадат ис модерназаци скæнынæн, æмæ фысты хъарм ран дарынæн.

Экспертты фидарæй уырны, ног хъарм æмæ æнцонвадат бæстыхæйтты æнцондæрæй фæзындæн фосы ног фæлтæр. Уый фæрцы та зынгæ фæфылдæр уыдзæн фермерты æфтиаг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania