филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:20 понедельник, 06 мая 2024
08 сентября 2021, 12:10
Цæгат Ирыстоны активонæй рæзы касагдарæн архайд

Æрмæст ацы азмæ балер æмæ æндæр кæсæгты хуызты нымæц фæфылдæр дыууæ хатты

Цæгат Ирыстоны активонæй рæзы касагдарæн архайд. Æрмæст ацы азмæ балер æмæ æндæр кæсæгты хуызты нымæц фæфылдæр дыууæ хатты. Уый баст у, æмæ сын нæ республикæйы климæт иттæг хорз кæй бæззы, уыимæ. Иннæмæй та нæм æрдзон донгуырæнтæ дæр парахат сты, уæдæ базарады дæр фæлхасгæнджытæ кæсаг хорз агурынц. Фæлæ ууыл фермертæ æрлæууынмæ нæ хъавынц.

Ацы хæдзарад иунæгæй кæсаг амал кæны, нæ республикæйы иннæ хæдзарæдтæ иумæйагæй афæдзмæ цас амал кæнынц, уыйбæрц. Дыууæсæдæ фæндзай егъау резервуары балер кæсаг дарынæн. Цалдæр азы размæ куыстуат æрбынат кодта, Советон Цæдисы замантæй дзæгъæлæй цы фермæ лæууыдис, уым.

Компани йæ куыст райдыдта 2018 азы. Уæд самал кодта кæсаджы 200 тоннæйы æмæ йæ разы æрæвæрдта нысан, цæмæй уыцы бæрæггæнæн схæццæ кæной аст – дæс мин тоннæмæ. Уый тыххæй хæдзарад архайдзæн йæ гæнæнтæ фæуæрæхдæр кæныныл. Ацы фæзуат у æртыккæгæм æмæ йæ ныридæгæн куыстмæ цæттæ кæнынц. Кусджытæ æвæрынц электрон магистрал, кæсаг та дзы фæзындзæн афæдзы кæронмæ.

Куыстуат ис Кировы районы. Фæллой дзы кæны сæдæ фæнзай адæймаджы. Уыдон сты бынæттон цæрджытæ. Куыстуат æрмæст фæллойы бынæттæ нæ дæтты, фæлæ ма æххуыс кæны сфæлдыстадон къордтæ æмæ спортивон командæтæн. Æрæджы сæ тыхтæй Даркъохы байгом кодтой ног хъазæн фæз сывæллæттæн.

Хъæууонхæдзарады министрады куыд зæгъынц, афтæмæй кæсагдарынад рацыдис ног æмвæзадмæ. 2021 азыл фермертæ сæмбæлдысты иттæг хорз бæрæггæнæнимæ – самал кодтой æртæ мин тоннæйы æсæ æрдæг кæсаг. Ацы аз, кæд боныхъæд хъыгдæрдта, уæддæр бæрæггæнæн фæфылдæр кодтой дыууæ хатты.

Фæлæ æрмæст хорз ахастæй хъуыддаг нæ сырæздзæнис. Ныртæккæ нæ республикæйы цы кæсаг уадзынц, уымæн йæ фылдæр у балер. Фæлæ федералон наукон-иртасæн центр куыд сбæрæг кодта, афтæмæй нæ регионæн ис хорз хъомыс кæсаджы æндæр хуызтæ дарынæн. Уыйимæ республикæйы бон у еугæф йæхи тыхтæй амал кæнын, æмæ йæ сыхаг регионтæм мауал æлхæнын. Уый тыххæй хъуамæ Цæгат Ирыстоны байгом кæной селекцион центр.

Хъæууонхæдзарады министрад бакуыста селекцион центры арæзтады фæндаггон картæйыл. Уым фæбæрæг кодтой проекты æппæт къæпхæнтæ. Ныртæккæ та документ ис кæсагдарынады федерадон агентады. Куы йæ сфижар кæной, уæд арæзтад райдайдзæнис 2021 азы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania