филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:52 воскресенье, 05 мая 2024
27 октября 2020, 13:54
Цæгат Ирыстоны архайынц быдыртæ æфснайыныл

Æрæфы районы хæдзарæдтæ дæр сæ тыллæг исынц зæрдæхъæлдзæгæй

Цæгат Ирыстоны архайынц быдыртæ æфснайыныл. Æрæфы районы хæдзарæдтæ дæр сæ тыллæг исынц зæрдæхъæлдзæгæй. Разы сты сæ фæззыгон бæркадæй.  Нартхоры быдыртæ  федта не сфæлдыстадон къорд дæр. 

Фæззæг йæ бæркадæй фидауы. Æрæфы районы быдырты бацайдагъ  комбайнты куыст. Нырыккон техникæйы фæрцы тыллæг исыны хъуыддаг дзæвгар фæтагъдæр.  Районы хъæууон хæдзарады управлений сæйраг агроном Махъоты Оледжы ныхæстæм  гæсгæ,  ацы аз зæххыты фылдæр хай тыд æрцыд нартхор, æмæ сæ зæрдæ дарынц хъæздыг тыллæгыл. Фаронимæ абаргæйæ, ацы аз кæд нартхор гектарæй къаддæр ист цæуы, уæддæр йæ хæрзхъæддзинад у бæрзонд æмвæзадыл.

Æрæфы районы фермерон хæдзарæдтæ зындзинад æййæфтой ам тыллæг хус кæнæн бынат кæй нæ уыд, уымæй. Ныр сын уыцы лæггад кæны кустуат Диг Агро. Йæ фæзуат   æххæст у æппæт хъæугæ æрмæгæй. Куыстуаты фæллойгæнæг Батæрты Джамалы ныхæстæм гæсгæ æрмæст фермертæн пайдайаг нæу ацы бынат, фалæ ма дзы куысты бынæттæ скодтой 15 адæймагæй фылдæрæн. Цы гæнæнтæ сæм ис, уыдонæй сты сæрыстыр.

Ацы диссаджы, нырыккон хъуыддæгтæй æххæст куыстуат, Æрæфы районы æрбынат кодта дыууæ æзы размæ. Æмæ та ам  дæр  се ххуысы хай бахастой паддзахадон программæтæ.

Ахæм ран цы тыллæг бахус кæной, уымæн фесæфынæй  тæссаг нæу, зæгъынц куыстуаты разамынд. Йæ саразыны сæйраг хъуыды дæр уыд уый, æма цæмæй адæм, сæ тыллæг æнæзæрдæдзургæйæ  бынаты кæной.

Ахæм куыстуæтты фæзынд дзурæг у, ног технологитæ хъæуккаг адæммæ хæстæгдæр кæй кæнынц æмæ сæ куыст æнцондæр æмæ хæрзхъæддæр кæй кæны, ууыл. Уæвгæ ныртæккæ Æрæфы районы ис 150 чысыл хæдзарадæй фылдæр, стырдæртæ та сты 7.

Нæ фыдæлтæй æхæм хъуыды баззад – зæхкусæг  хъуамæ йæхæдæг æууæнда йæ  бæркадджын фæззæгыл, уæд ын йæ фарсмæ æрбалæуджытæ дæр разындзæн.  Æрæфы районы хъæууон хæдзарады управленийы кусджытæ дæр уыцы хъуыдыимæ разы сты, æмæ сæ уæхск бадарынц ныфсджын зæхкусджытæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania