филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:53 вторник, 21 мая 2024
07 сентября 2022, 10:37
Цæгат Ирыстоны фермертæн дарддæр лæвæрд цæуынц гранттæ фермерон хæдзарæдты рæзтæн

Уый фæрцы æнтыстджын къахдзæфтæ акодта Æрæфы районы фермæтæй иу

Цæгат Ирыстоны фермертæн дарддæр лæвæрд цæуынц гранттæ фермерон хæдзарæдты рæзтæн. Уый фæрцы æнтыстджын къахдзæфтæ акодта Æрæфы районы фермæтæй иу. 5 азмæ, зæгъæн ис, æмæ 4 хатты фæфылдæр кодтой стурвосы нымæц. Стæй ма сæм фæзынд ног хæрзмыггаг фосы хуыз дæр. Хæдзарады кусджытимæ аныхас кодта Гæджиты Сослан, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Лыстæг æмæ стурвос. Хæдзарад стыр у, фæлæ фермерæн алцыдæр æнтысы. Дзæгъойты Барис йе вæрæн хæссы Æрæфы районы фосдарæн къабазы райрæзтмæ. 5 азы размæ райдыдта 300 фысæй, ныр сæ нымæц хæццæ кæны 1300-мæ. Хуссайраг мыггаг Цæгат Ирыстоны климатæн ног у. Фæлæ фермер фидарæй снысан кодта ацы мыггаджы куыст кæнын.

Дзæгъойты Барис у æртыккаг фæлтæры фермер. Фыстæ дарыны куыстæн райста хъæууон хæдзарады министрады грант. 6 мæйы размæ ацы хъуыддагмæ йе ргом раздæхта йæ хæлар Козаты Владимир. Ныр фермæйы фæзындысты герефорд æмæ хъазахаг урссæр мыггæгты хъомтæ.

Хуссайраг мыггаджы фыстæ Цæгат Ирыстоны боныхъæды ивддзинæдтæн зын фæразынц, уымæ гæсгæ афæдзы дæргъы хизынц хæхты. Быдыры дарынц æрмæст чысыл хай. Пайда сæ кæнынц иннæ мыггæгтимæ хæццæ кæнынæн. Гибридтæ бынæттон уавæртæн хуыздæр быхсынц. Ахæм хуызы сæ фæнды стурвос дæр парахат кæнын.

Хъæууон хæдзарады райрæзты программæмæ гæсгæ грант райсыны тыххæй фермертæ архайдтой конкурсы æмæ бацæттæ кодтой сæ хæдзарады райрæзты пълан. Фæрæзтæ радих кæнынæн, фыццаджыдæр, æвзæрст цæуынц хъæуты цæрджытæ. Паддзахадон æххуыс лæвæрд цæуы 5 азы æмгъуыдмæ. Уыцы рæстæг фермер хъуамæ йæ архайды тыххæй хыгъд дæтта, гранты архайды æмгъуыд куы фæуа, уæд та бацæттæ кæна проект æххæст кæныны хатдзæгтæ.

Дзæгъойты Барисæн грант æххæст кæныны рæстæг фæцис. Фæлæ йæ фæндтæ ууыл нæ фесты. Хъæууон хæдзарад ын сси уарзон куыст. Козаты Владимирæн 6 мæйы сфаг ис, фос дарын – йæ хъуыддаг кæй у, уый бамбарынæн. Фермертæн сæйрагдæр у, цæмæй сæ архайдæй зæрдæ райа. Уырны сæ, æфтиæгтæ дæр уыдзæн. Хъæуы банхъæлмæ кæсын æмæ æнæзивæг фæллой кæнын.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania