филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:35 вторник, 21 мая 2024
16 сентября 2022, 10:40
Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады министр Къусраты Аланæн кусæг балц уыди Мæздæджы районмæ

Активонæй дзы архайынц хъæууонхæдзарадон фæлхасадон кооператив райрæзын кæныныл, парахатдæр кæнынц халсарты куыст

Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады министр Къусраты Аланæн кусæг балц уыди Мæздæджы районмæ. Активонæй дзы архайынц хъæууонхæдзарадон фæлхасадон кооператив райрæзын кæныныл, парахатдæр кæнынц халсарты куыст. Афæдзы кæронмæ дзы фæнд кæнынц æхсыры продуктты комбинат саразын. Министр фембæлд цæрджытимæ дæр, сæ фæрстытæ фылдæр баст уыдысты гранттимæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Сосранты Жаннæ.

Мæздæджы раойны ацы хъæууонхæдзарадон кооперативы ис  800 сæры стурвос.  Сæ иу хай сты  «Герефорд» мыггагæй. Ам  кусынц  дзидза æмæ æхсыры продукттæ фæлхастгæнæнгмæ хæццæ кæныныл.  Ныллæг аргъ – уый у фермерты сæйраг фарста. Сæ ныхæстæм гæсгæ æхсыры куыст кæныны кусæнгæрзтæ зынаргъ кæй сты, уымæ гæсгæ, æхсыр уæй кæнынц  32 сомæй.

Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады æмæ хойраджы министр Къусраты Алан, куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй кооперативæн ис хъæздыг истори. Ам куыд зæгъынц, афтæмæй сæ фæнды куыстуаты раздæры кад раздахын. Сæ сæйрагдæр нысан у хæрзмыггаг хæдзарады статус райсын.

Мæздæджы районы  архайынц халсарты куыст парахат кæныныл.  Хæдзарадмæ зæххытæ ис  500 гектары. Кæнынц дзы  къабуска, цывзытæ, баклажантæы куыст. Æппæт зæххы куыстытæ дзы конд цæуынц  нырыккон кусæнгæртæ æмæ техникæйы  фæрцы. Уымæ гæсгæ  дзы халсарты æрзад вææйы  бæрзонд æмвæзадыл. Бынæттон тыллæг ласт цæуы Мæскуы æмæ æндæр рæттæм.

Афæдзы кæронмæ Мæздæджы хъуамæ фæзына æхсыры куыстгæнæн  комбинат. Йæ арæзтад рæхджы фæуыдзæн.  Мисын, йогурт, къæдор. Уаддзысты дзы алыхуызы продукттæ. Хъæугæ хъуыддæгтæ, ныридæгæн, æлхæд æрцыдысты.

Къусраты Алан ма Мæздæджы кусæг балцы рæстæг  фембæлд районы цæрджытимæ. Фарстаты фылдæр хай баст уыд гранттæ райсынимæ.  Афтæ, Хъызлары цæрæг  Гулаты Ризван фæнд кæны районы фос æргæвдан цех байгом кæнын. Зæххы хай балхæдта. Фæлæ хъæууон хæдзарады министры ныхæстæм гæсгæ грант райсын кæй фæнда, уымæ хъуамæ уа кооператив.   Уый фæстæ та саразын бизнес пълан æмæ курдиат бадæдтын.

Раздольнæйы хъæуы сывæллæттæн спортивон æмæ  хъазæн фæз саразыны хъуыдыимæ та министрмæ æрбацыд   Марина Чаленко. Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады зæрдæ бавæрдта алывæрсыг æххуыс бакæнынæнйæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ ис сæрмагонд федералон программæтæ, уыдоны фæрцы хъæуты канд фæзтæ нæ фæзынд, фæлæ ма дзы цалцæггонд цæуынц Культурæйы хæдзæрттæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania