филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:28 вторник, 21 мая 2024
02 ноября 2022, 11:23
Цæгат Ирыстоны хи хъæууон хæдзарадон фермæтæй иуы парахат кæнынц гогызтæ

Бизнес-проекты рæзтæн хъæуы грантты æххуыс

Бæллиццаг фидæнмæ кæмæ æнхъæлмæ кæсынц, ахæм къабаз. Цæгат Ирыстоны хи хъæууон хæдзарадон фермæтæй иуы парахат кæнынц гогызтæ. Ацы мæргъты хуыз хуымæтæг нæу. Гогызтæ домынц уæлдай тынгдæр æмæ бæстондæр зылд. Ацы хъуыддагыл æнтыстджынæй архайы зоотехник Мухадин Каляков. Мæргътæн сæ хæринаг дæр хъуамæ уа сæрмагонд, цы бæстыхайы сты, уымæ æдзух хъæуы цæстдард, стæй сæ сыгъдæг уæлдæфмæ дæр рауадзын фæхъæуы фæткмæ гæсгæ. Гогызтæн ис æппæт уавæртæ, цæмæй æнæниз уой  æмæ фылдæр кæной. Бизнес-проекты рæзтæн хъæуы грантты æххуыс. Бæлвырддæр радзурдзæн Касаты Наирæ.

Мæргътæн дон радтын, бахæрын сын кæнын, æмæ сæм базилын. Фæлтæрдджын зоотехник Мухадин Каляков куыд зæгъы, афтæмæй гогызтæм зилын хъæуы уæлдай бæстондæрæй. Нæлгоймаджы хъæууон хæдзарадимæ бæттынц фæллойадон бирæ азтæ, фæлæ гогызтæ парахат кæныны куыст кæны æрмæстдæр апрелæй нырмæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ мæргътæ цæмæй сæхи хорз æнкъарой, уый тыххæй адæймагмæ хъуамæ уа йæ куыстмæ уарзондзинад æмæ фæразондзинад.

Мæргъты ацы хуыз парахат кæнын, æцæгæй дæр æнцон хъуыддаг нæу. Ирыстоны уæлдæфы уымæлад бæрзонд кæй у, уымæ гæсгæ гогызтæ арæх фæрынчын вæййынц. Кæд фермæйы архайды размæ цыфæнды къуылымпыдзинæдтæ ис, уæддæр куыстуат йæ зæрдæ дары æмæ архайы æрмæстдæр æнтыстджын фидæныл. Ныртæккæ дзы ис 8 сæдæ гогызæй фылдæр. Сæ кармæ гæсгæ сæ адих кодтой хицæн къордтыл. Фæлæ сæм зылд цæуы иу фæткмæ гæсгæ. Хæринаг æнæмæнгæй бон æртæ хатты, ахсджиаг дзы у дыууæ сахаты бæрц  сыгъдæг уæлдæфмæ тезгъо кæнын дæр. Гогызтæн хæринаг фермæйы кусджытæ аразынц сæхæдæг. Бындуронæй сахуыр кодтой гогызты рацион, самал кодтой холладжы куыст цæмæй кæной, ахæм сæрмагонд аппарат. Иу хаттæн цæрæгой бахæры 15 пайдахæссæг компонентæй фылдæр. Райдай хорæй æмæ фæуы кæсаджы ссадæй, вæййы сын дзы суанг ракушкæтæ дæр. Иу ныхасæй алцыдæр, цæмæй сцæттæ кæной хæрзхъæд продукци.

Кооперативы разамынд нысан кæны гогызы дзидзайы рауагъдад фæфылдæр кæнын, æмæ афтæмæй æрмæст нæхи республикæйы нæ, фæлæ ма сыхаг республикæты базарад дæр фæхъæздыгдæр кæнын. Сæйрагдæр уый у, æмæ ацы товарæн ныридæгæн фæлхасгæнæг ис. Кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæхиуыл æнкъарынц республикæйы хъæууон хæдзарады министрады æххуыс.

Ныртæккæ фермæмæ хъæуы кусæнгæрзтæ балхæнын, инкубатортæ, холлæгты æмæ дзидзайы куыст кæм кæндзысты, ахæм цехтæ саразын. Министрады зæгъынц, иннæ аз куыстуатæн грант райсынæн ис æппæт уавæртæ æмæ гæнæнтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania