филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:47 воскресенье, 05 мая 2024
25 апреля 2024, 11:48
Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармони аивта йæ бынат

Ныр ис Металлургты культурæйы раздæры галуаны бæстыхайы

Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармони аивта йæ бынат. Ныр ис Металлургты культурæйы раздæры галуаны бæстыхайы. Раздæр концерттæ кæнын æнцон нæ уыд, хъуыдис сæ аразын арендæгонд бæстыхæйтты. Ныр зындзинæдты тыххæй ферох кæнын ис. Филармонийæн йæ бон у хи сценæйæ пайда кæнын. Ног бынатмæ раивд хорз афон æрцыд. Музыканттæм ис стыр фæндтæ: ног сезон байгом кæнын, уарзон Ирыстоны концерттæ радтын, гастрольтæм ацæуын. Мадзæлттæм артисттæ ныр цæттæ кæнынц зæрдæмæдзæугæ уавæрты.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania