филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:16 среда, 01 мая 2024
27 сентября 2023, 13:39
Царды цыдимæ ног хъуыддæгтæ хаст цæуынц æхсæнадон цардмæ

Дыгуры районы бындур æвæрд цæуы, Цæгат Ирыстоны чи нæма уыд, ахæм кæсаджы куыстгæнæн хæдзарадæн.

Царды цыдимæ ног хъуыддæгтæ хаст цæуынц æхсæнадон цардмæ. Дыгуры районы бындур æвæрд цæуы, Цæгат Ирыстоны чи нæма уыд, ахæм кæсаджы куыстгæнæн хæдзарадæн. Уæвгæ, ацы къабазы райрæзтмæ нæ республикæйы стыр æргом здæхт цæуы, фæлæ ацы куыстуат та хицæн кæндзæн йæ бирæвæрсыг архайдæй. Уыцы, стæй ма иу хæдзарад фенынмæ Дыгуры районмæ абалц кодта не сфæлдыстадон къорд. Нæ равдыстмæ кæсджытæ, Сосранты Жаннæ уын уæ размæ рахæсдзæн цы хъуыддæгтæ дзы федта, уыдон.

Рæхджы, ацы сыгъдæг суадоны доны рæзын байдайдзысты кæсаджы цардæр хуызы. Дыгуры районы, биноныгæй, куыст цæуы кæсаджы куыст кæнæн хæдзарады арæзтадыл. Йæ равналæнтæ æмæ йæ гæнæнтæ, уыдзысты æгæрон. Æхцондзинад та хæссы уый, æмæ  районы цæрæг йæ фæрæзтæ мидбынаты кæй хардз кæны, уый.

Хæдзарады уыдзæн кæсаг парахат кæнынæн æппæт фадæдтæ. Цæттæ кæнынц 88 кæсаг дарæн бынаты. Азмæ дзы исдзысты иу мин 200 тоннæйы кæсаг. Фæбæрæг кæнын ма хъæуы уый, æмæ Цæгат Ирыстоны ахæм куыстуат кæй нæй.

Инвесторы ныхæстæм гæсгæ дзы уыдзæн сæдæ кусæн бынаты. Уый та уый бæрæг кæны,  æмæ  уал бинонты царды уавæртæ кæй фæхуыздæр уыдзысты.

Æртæ гектары фæзуатыл, диссаджы æрдзон бынаты, æнæзивæг адæмы фæрцы,  Дыгуры районы фæзындзæн  бафæзминаг бынат. Ныртæккæ, кæд экономикон уавæр æрвылбон ивы, уæддæр инвестор агуры гæнæнтæ зæрдæвæрдтытæ цардмæ хъуыддæгтæй рахæссынæн. Уæвгæ Дыгуры районмæ, фæстаг рæстæг, кустуарзаг адæмы æргом здæхт æрцыд. Архайынц царды алы къабæзты. Дыгуры районы сæргълæууæг Цагъаты Сосланы ныхæстæм гæсгæ 200 куыстуатæй фылдæр сæ архайд кæнынц мидбынаты. Фос дарыны хæдзарæдты фæзминаг дæр у, хи куыстуат «Век». Йæ фæзуатыл зилгæйæ, æнæфæбæрæг кæнæн нæй сæ архайдмæ уарзондзинад. Кæд кæсагдарæн хæдзарæдæн йæ бындур федтам, уæд ам та  алцыдæр конд у, уыимæ, нырыккон хуызы. 

Владимир алы стуры уавæр дæр зоны. Куыд зæгъы афтæмæй, галтæ схæссынц 600 килограммы уæзы онг. Уымæн та бахъæуы тæккæ фылдæр афæдз æмæ æрдæг. Хæдзарады æппæт фос дæр  хаст цæуынц дзидза   радтынæн. Уыимæ  сын хæрын кæнынц, канд æрдзон холлаг.

Алцыдæр, куыд фæзæгъынц, пъланмæ гæсгæ. Фосы æппæт хуызтæн дæр дзы ис аккаг уæвæртæ. Алы хуызы фосы мыггæгæн дæр хæдзарады конд цæуы, сæ аккаг уавæртæ. Уæдæ  цы хæрз хаст сты, уый та æцæгæлон цæстæн дæр æнæ  бафиппайæн нæй.

Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ æцæгæй дæр Паддзахадон æххуысы фæрцы дзæвгар куыстуæтты гæнæнтыл кæй бафтыд, фæфылдæр сты сæ авналæнтæ. «Век»-ы куысты хæрзхъæддзинады миниуæгыл хъуыды кæнгæйæ та бамбæрстон уый, æмæ  холлаг быдырæй æрбаласынæй, куыройы йæ бассыны  онг алцыдæр   сæхæдæг кæй кæнынц, уымæ гæсгæ сæ мæргътæ, стуртæ сты хæрз хаст.  Уый фæрцы та  фæлхасгæнæгмæ хæццæ кæны  хæрзхъæд продукци.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania