филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:56 суббота, 04 мая 2024
13 июня 2019, 12:20
Цориты Эминæйы бæллиц у национ литературæ дунейы алы æвзæгтæм стæлмац кæнын

Эминæ райгуырд æмæ хъомыл кодта Германы. Фæнды йæ йæ рагфыдæлты историимæ базонгæ уæвын æмæ ма наукон куыст ныффыссын дæр.

Нæ программæйы дарддæры æрмæджы хъайтар та цæры Германийы. Ирыстонмæ ссыди дыккаг хатт. Фæнды йæ йæ рагфыдæлты историимæ базонгæ уæвын æмæ ма наукон куыст ныффыссын дæр. Баст у ирон æвзаг ахуыр кæнынимæ. Фæлæ цæмæй уыцы куыст бæстондæр рауайа, уый тыххæй йæ бахъуыд уырыссаг æвзаг сахуыр кæнын дæр. Райдайгæ лигвисты бæллиц у, цæмæй ирон национ литературæ иууылдæр тæлмацгонд æрцæуа дунейы æппæт æвзæгтæм.

Цориты Эминæ райгуырд æмæ хъомыл кодта Германы. Йæ ныййарджытæ та сты Туркаг ирæттæ. Ирыстонмæ чызг ссыд дыккаг хатт. Фæнды йæ йæ фыдæлты историмæ базонгæ уæвын æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон социалон иртæстыты институты бындурыл йæ докторы куыст фæуын. Йæ наукон куыст баст у мадæлон æвзаг ахуыр кæныныимæ. Ирыстонимæ баст фыццаг æнкъарæнтæ та сты хъæрмуд.

Фæлæ йæ куыд фæндыд, афтæ æвзаджы хъæздыгдзинад Ирыстоны нæ хъуысы. Эминæ йæ мадæлон æвзаг бирæ бынæттон цæрджытæй хуыздæр зоны. Фæлæ цæмæй йын æнцондæр уа, уый тыххæй чызг ахуыр кæны уырыссаг æвзаг.

Цориты Эминæйы бæллиц у национ литературæ дунейы алы æвзæгтæм стæлмац кæнын. Уый ноджы тынг сбæтдзæн алы бæстæты ирæтты æхсæнадтæ. Ноджы ма чызг загъта, Тучы йын цы зонгæтæ цæры, уыдон цымыдисæй æнхъæлмæ кæсынц Хъамболты Тамерлан туркаг æвзагмæ цы чиныг стæлмац кодта «Ирæттæ», уымæ. Уый къуыхы бафтыд республикæйы национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрад.

Хъамболты Тамерлан загъта чиныгмæ хаст кæй æрцыд Ирыстоны историйæ ирддæр цаутæ æмæ æппæты сæйраг дæр та кæй бацархайдта тæлмац литературон аивадон æвзагмæ хæстæг куыд уа, ууыл.

Ирыстонæй адæм алы ахосæгтæм гæсгæ хуыздæр цардагур куы ацыдысты, уæдæй чысыл рæстæг нæ рацыд, фæлæ сæ фæдонтæ абон дæр æнæуынгæ æндæхтæй баст сты Ирыстонимæ æмæ цымыдисæй æнхъæлмæ кæсынц алы цаумæ.

Туркаг æвзагмæ тæлмацгонд чингуытæ а дыууæ боны арвитдзысты Стамбулмæ, сæ тираж у 1 мин.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania