филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:15 среда, 01 мая 2024
25 января 2024, 11:30
Тугъанты Махарбеджы хæдзар-музей сцалцæг кæндзысты йæ райгуырæн хъæу Дур-Дуры

Куыстытæ сæххæст кæныны хæс лæвæрд æрцыд Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейæн

Нырыккон ирон нывкæнынады бындурæвæрæг Тугъанты Махарбеджы хæдзар-музей сцалцæг кæндзысты йæ райгуырæн хъæу Дур-Дуры. Бæстыхай арæзт æрцыд 19-æм æнусы. Куыстытæ сæххæст кæныны хæс лæвæрд æрцыд Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейæн. Сæйраг нысан у, культурæйы цыртдзæвæн бахъахъхъæнын. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Хæдзар-интернат «Надежда»-йы быруйы фæстæ нæзыты аууоны ис, æрмæст культурон нæ, фæлæ историон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм хæдзар. Бæстыхай сарæзта Тугъанты Сафар – номдзыд ирон нывгæнæг Тугъанты Махарбеджы фыд. Бинонтæм хаудысты сæ алыварс зæххытæ дæр.

Тугъанты хæдзар бирæ азты уыд афтид, æрмæст бынæттон цæрджыты фæрцы нæ ныппырх ис. Зæгъæм, йæ бахъахъхъæныныл тынг архайдта Дур-Дуры скъолайы директор Хъойбайты Сергей. 2009-æм азы мемориалон хæдзар сси Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы филиал.

Музеймæ бакæсгæйæ, цыма хæдзары хицæуттæ кæдæмдæр ауадысты, фæлæ тагъд æрбаздæхдзысты, афтæ кæсы. Ам ис чингуытæ – нывгæнæгæн йе сфæлдыстады æххуыс кодтой, ахорæнтимæ палитрæ – цыма ныртæккæ кусынмæ бавналдзæн, уый хуызæн. Тугъанты Махарбег судæгас кодта нарты фæлгонцтæ – эпосы хъайтарты цæсгæмттæ йæ иллюстрацитæм гæсгæ зонгæ сты се ппæтæн дæр. Ам йæ дзаумæттæ, куыстытæ, публикацитæ – нывгæнæджы æнæхъæн дуне æмæ йæ хъæуы бахъахъхъæнын.

2023-æм азы кæрон хаст æрцыд, хæдзар-музей сцалцæг кæныны уынаффæ. Культурон бынтæ хъахъхъæныны республикон комитет ныридæгæн радта хæслæвæрд культурæйы цыртдзæвæн бахъахъхъæныны куыстытæ кæнынæн. Хауынц сæм – разуынды, бинаг уæладзыджы, быруйы æмæ верандæйы реставраци.

Ацы аз Тугъанты Махарбеджы хæдзар-музей саив уыдзæн. 2024-æм азы ма Дур-Дуры фæнд кæнынц  сывæллæтты ног рæвдауæндон саразын,  скъола æмæ спортивон зал рацаразын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania