филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:57 среда, 01 мая 2024
05 апреля 2024, 11:36
Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы байгом равдыст «Наив-но»

Баст у хæдбындур нывгæнæг Сабанты Хаджумары райгуырды 95 азы бонимæ

Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы байгом равдыст «Наив-но». Баст у хæдбындур нывгæнæг Сабанты Хаджумары райгуырды 95 азы бонимæ. Йæ куыстыты равдыст афтæ хуымæтæджы не схуыдтой. Нывгæнæгæн йæ курдиат райхæлди, 40 азы йыл куы цыди, уæд. Куыста хуымæтæг жанры. Хаджумары нывты сæйрагдæр темæтæ – нарты кадджытæ. Йæ хъайтартæ тох кæнынц æвзæрдзинады ныхмæ, æмæ афтæмæй цæуынц рухсмæ. Нывкæнынадæй дарддæр ма равдысты фенæн ис авторы хъæдæрмæгæй конд куыстытæ – традицион бæгæныйы къустæ, рагон мигæнæнтæ æмæ скульптурæтæ. Сабанты Хаджумары куыстыты равдыст байгом кодта Дзанайты Ольгæйы национ зарæджы нæлгоймæгты хор. Хаджумар йæхæдæг дæр бирæ азты зарыд хъæбатырты зарæггæнджыты адæмон хоры.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania