филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:36 воскресенье, 05 мая 2024
17 мая 2023, 11:17
Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы кадджын уавæры байгом кодтой ирон Нартиадæйы аз

Мадзалы архайдтой Цæгат Ирыстоны Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ Хицауады сæрдар Дзанайты Барис

Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы кадджын уавæры байгом кодтой ирон Нартиадæйы аз. Мадзалы архайдтой Цæгат Ирыстоны Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ Хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Музейы залты равæрдтой, абарæн кæмæн нæй, ахæм тематикон равдыст «Хуры хъæбултæ». Баст у Нарты кадджытимæ. Экспозицимæ бахастой алы жанрты конд куыстытæ: нывкæнынад, графикæ, скульптурæ, стæй рагон ирон æрмдæсныйады æмæ цардыуаджы дæнцæгтæ. Нартиадæйы аз гом кæныны кадджын мадзалмæ сæ курдиат бахастой Мариинаг театры филиалы национ зарæджы нæлгоймæгты хор  æмæ адæмон инструментты оркестр «Ирыстон». Нæ республикæйы Нарты кадæн арæзт æрцæудзæн 100 мадзалæй фылдæр. Уыдоны хсæн – армукъатæ, равдыстытæ, конкурстæ, тематикон изæртæ, концерттæ æмæ æндæр фембæлдтытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania