26 января 2024, 11:23
Тугъанты Махарбеджы номыл музейы фонд фæхъæздыгдæр зындгонд нывгæнæг Цæгæраты Максимы куыст «Молитва»-йæ
Автор æй йæхæдæг балæвар кодта республикæйæн
Тугъанты Махарбеджы номыл музейы фонд фæхъæздыгдæр зындгонд нывгæнæг Цæгæраты Максимы куыст «Молитва»-йæ. Автор æй йæхæдæг балæвар кодта республикæйæн. Кадджын мадзалы архайдта Цæгат Ирыстоны культурæйы министры хæдивæг Хъуыссæты Зæлинæ, стæй аивады архайджытæ. Цæгæраты Максим йæ куысты карздзинадæн йæ ныхмæ æвæры зæрдæхæлардзинад. Æвдисы дзы уæлдæр тыхты æгæрондзинад æмæ хъару. Автор ацы нывыл куыста 2 азы. Нывгæнæджы сфæлдыстадæн аргъ кæнынц æппæтадæмон æмвæзадыл.
темæмæ гæсгæ