15 марта 2022, 13:26
Уæрæсейы географион картæ егъау хъуымацыл
Йæ бахуыйыныл фæллой кæнынц нæ бæстæйы алы регионтæй хуыздæр æрмдæснытæ
Уæрæсейы географион картæ егъау хъуымацыл. Уыимæ – æмбырдгондæй. Йæ бахуыйыныл фæллой кæнынц нæ бæстæйы алы регионтæй хуыздæр æрмдæснытæ. Акци цæуы, Уæрæсейы адæмыхæттыты культурон хæзнаты афæдз æххæст кæнгæйæ. Алы регион спайда кæны, йæхи культурæйæн традицион чи у, ахæм æрмдæсныйады хуызтæй. Цæгат Ирыстон тар сырх хуызы хъуымацыл нывæфтыд скодтой сызгъæрин æндахæй.