Афтæмæй 12-æм апрелы уазджытæн равдисдзысты спектакль «Король Лир» ирон æвзагыл
Уæрæсейы национ театралон преми «Золотая Маска»-йы жюрийы уæнгтæ фыццаг хатт ссæудзысты Дзæуджыхъæумæ. Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон академион театры пресс-службæйæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй 12-æм апрелы уазджытæн равдисдзысты спектакль «Король Лир» ирон æвзагыл. Постановкæ уыцы-иу рæстæг архайдзæн 4 номинацийы: драмæ/стыр формæйы спектакль, драмæ/режиссеры куыст (ацы номинацийы архайы Уалыты Гиви), драмæ/нæлгоймаджы роль (Æлбегаты Алан), стæй драмæ/сылгоймаджы роль (Æгкацаты Аминæ). Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ ацы аз спектакльтæ-номинаттæ раздæрау Мæскуыйы не вдисынц, фæлæ жюрийы уæнгтæ сæхæдæг цæуынц Уæрæсейы регионтæм, æмæ спектакльтæм кæсынц горæтты фæзты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, спектакль «Король Лир»-ы премьерæ уыд 2023-æм азы февралы.